Цхинвалы фӕсивӕд расидт хӕрзаудӕн акци Монастъеры кувӕндоны хӕрзарӕзтӕн

Рафыссын
Сыгъдӕг бынаты рӕсугъддзинадмӕ сӕ хайбавӕрд бахӕссын кӕй бафӕндыд, уыдон ныридӕгӕн рауӕлдай кодтой 40 мин сомы онг

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны Цхинвалы районы Монастъеры кувӕндоны хӕрзарӕзтӕн фӕсивӕд расидт хӕрзаудӕн мадзал. Сыгъдӕг бынаты рӕсугъддзинадмӕ сӕ хайбавӕрд бахӕссын кӕй бафӕндыд, уыдон ныридӕгӕн рауӕлдай кодтой 40 мин сомы онг.

Взгляд со SPUTNIKа: Монастер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2016
"Sputnikӕй фӕлгӕсгӕйӕ": Монастъеры моладзандон

Фӕрӕзтӕ нырма ӕмбырд цӕуынц дыккаг бон. Акци расидтысты ӕвзонг чызджытӕ Хъазиты Алена ӕмӕ Джиоты Жаклин. Фӕстӕдӕр сӕ сидӕн апарахат ис социалон хызӕгты.

"Сыгъдӕг бынатмӕ ссыдыстӕм нӕхи фӕдзӕхсынмӕ. Уым райгуырд ацы хъӕппӕрис, бафӕндыд нӕ, цӕмӕй йӕм чысыл хъусдард аздахӕм ӕмӕ расидтыстӕм акци", - загъта Хъазиты Алена.

Уый ма бафтыдта, сӕ хъӕппӕрисимӕ кӕй бацыдысты Алайнаг епархимӕ.

"Уыдзӕн нын ноджы фембӕлд Алайнаг епархийы динамонджытимӕ, уыдон аскъуыддзаг кӕндзысты, цы хъӕуы саразын кувӕндоны. Ӕддаг бакастæй йæ фæрсӕгтæ сты ивинаг", - бафтыдта чызг.

Хъазиты Аленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акци дарддӕр цӕуы, бирӕ адӕмы фӕнды мадзалмӕ бамбал уӕвын.

Ног хабӕртты лентӕ
0