Хуссар Иры алыхатт кад кодтой ветеринартӕн: президент раарфӕ кодта ветслужбӕйы кусджытӕн

© Fotolia / EllisiaВетеринар
Ветеринар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Рафыссын
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ветеринарон фадыджы специалисттӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта сӕ куысты ахсджиагдзинад

ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Ветеринарон кусӕджы архайдыл баст Хуссар Ирыстоны эпизоотикон уавӕр, афтӕ ма фосдарыны райрӕзт ӕмӕ адӕмы ӕнӕниздзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы ветеринарон кусӕджы боны фӕдыл.

"Уӕ професси уӕ домы стыр зонындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕрндзинад. Сымах уадзут фосы иммунизаци, хос сын кӕнут, хъахъхъӕнут сӕ биологион тӕссагдзинӕдтӕй", - дзырдӕуы паддзахады сӕргълӕууӕджы арфӕйы.

Бибылты Анатолий загъта бузныг ветеринартӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, хӕрзӕбон ӕмӕ ӕнтыстытӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0