Фадгуытӕ бакӕндзысты Цхинвал ӕмӕ районты – УФ минӕвар Думӕмӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæӔзарӕн фадыг
Ӕзарӕн фадыг  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов радзырдта, куыд ӕмӕ кӕм уыдзӕн фадат схъӕлӕс кӕнын республикӕйы цӕрджытӕн уӕрӕсейаг ӕмбӕстагадимӕ

ЦХИНВАЛ, 31 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕмӕ депутатон ӕвзӕрстыты хайад райсыны бар ис алкӕцы уӕрӕсейаг ӕмбӕстагӕн дӕр, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны. Уӕрӕсейы минӕвар республикӕйы цӕттӕ у саразын уымӕн алы уавӕртӕ дӕр, загъта Sputnik йӕ интервьюйы минӕвар Марат Кулахметов.

Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ районты байгом уыдзысты дӕс ӕвзарӕн фадыджы УФ Паддзахадон Думӕмӕ депутатон ӕвзӕрстыты схъӕлӕс кӕнынӕн. Минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕлӕсдӕттын ацӕудзӕн цалдӕр этапы.

"Сӕйраг хъӕлӕсдӕттын ацӕудзӕн 17-ӕй 19-ӕм сентябрмӕ, развӕлгъау та – 3-ӕй 16-ӕм сентябрмӕ. Уый хаудзӕн 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ФӔС Арӕнгӕрон дӕлхайады ӕфсӕддонтӕм. Уыдон сты ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ, кӕцытӕ сты горӕты ӕддейӕ, дӕрддзӕф районты. Уый фӕдыл уыдонӕн сараздзысты хицӕн хъӕлӕсдӕттын", - радзырдта Кулахметов.

Минӕвар банысан кодта, хъӕлӕсдӕттыны фӕткы фӕдыл бадзырдтой республикӕйы хицауадимӕ, Цхинвал ӕмӕ районты администрацитимӕ.

"Ӕвзарӕн фадгуытӕ бакӕндзысты алкӕцы районы дӕр, горӕттӕ Цхинвал мӕ Къуайсайы. Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн иууылдӕр, кӕцытӕ цӕрынц Хуссар Ирыстоны, уыдзӕн фадат схъӕлӕс кӕнын", - баныфсӕвӕрдта уый.

Кулахметов бафтыдта, зӕгъгӕ, се ‘нӕниздзинады уавӕры тыххӕй ӕвзарӕн фадыгмӕ ӕрбацӕуын кӕй бон нӕу, уыдонӕн фадат ис бадзурын куырдаитимӕ минӕварадмӕ, цӕмӕй сӕм ӕрбацӕуой хӕдзармӕ.

Минӕвар банысан кодта, ацы ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты пандемийы уавӕрты, уый фӕдыл ист цӕудзысты ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕстдарджытӕ ӕмӕ ДИФ-ты ӕвзӕрстытӕм уадзыны фарст бӕрӕг кӕндзӕн уӕрӕсейаг Централон ӕвзарӕн къамис.

"Ацы фарстытӕ цӕудзысты регламентацигонд. Фадгуытӕм уадзынц цӕстдарджыты, кӕцытӕ аккредитаци сты УФ ЦӔК-ы. ДИФ-ты фӕдыл мах бадзырдтам Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй хайад кӕй фӕнды райсын, уыдон рацӕуой регистраци. Мах цӕттӕ стӕм семӕ ӕмгуыстад кӕнын. Уыимӕ иумӕ, журналистты куыстӕн дӕр ис фӕтк, кӕцы нӕй гӕнӕн халын", - банысан кодта дипломат.

© SputnikМарат Кулахметов
Фадгуытӕ бакӕндзысты Цхинвал ӕмӕ районты – УФ минӕвар Думӕмӕ ӕвзӕрстыты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.08.2021
Марат Кулахметов
Ног хабӕртты лентӕ
0