Хуссар Иры цъыфы зæй алыг кодта фæндагон бастдзинад Сыбайы хъæуимæ

© Photo : Бесаев АлександрСыба
Сыба - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Рафыссын
Фæндаг расыгъдæг кæныны фадат нæй, уымæн æмæ дзы æнæрлæугæ уары къæвда. Куыстытæм бавналдзысты куыддæр боныгъæд фадат радта, загътой УУМ
ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Иры Дзауы районы цъыфы зæй алыг кодта фæндагон бастдзинад Сыбайы хъæуимæ, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгæсон службæйы.
"Цъыфы зæй алыг кодта бастдзинад хъæумæ. Фæндагон бастдзинадæй рацух сты æртæ адæймаджы. Уыдон æмбырд кæнынц сæ дзаумæттæ, цæмæй сæ рахизын кæной стихийы ахæстæй. Бацыд сæм хæдтулгæ", - загъта радгæс.
Уый ма бафтыдта, хъæуы цæрджытæй иуы неʻсфæндыд ныууадзын йæ хæдзар, фæлæ уавæр куы фæкарздæр уа, уæд уый дæр ирвæзынгæнджытæ ракæндзысты.
Уым ма радзырдтой, райсом 4.15 сахатыл Ручъы тоннелы цæгаттаг фарс æрцыд цъыфы зæй, фæлæ йæ тагъд расыгъдæг кодтой, Транскамы куыстыл уый нæ бандæвта.
Ног хабӕртты лентӕ
0