Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны

© Пресс-служба главы и правительства РСО-АХуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2021
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны дарддӕр цӕуы ӕртӕбонон вахтӕ Беслӕны скъолайы террористон акты амӕттӕгты мысӕнӕн
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Беслӕны уагъд цӕуынц фыццӕгӕм скъолайы теракты 17-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд мадзӕлттӕ. Ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, цӕгатирыстойнаг хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ депутаттӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.
© Пресс-служба главы и правительства РСО-АХуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Президент Южной Осетии принимает участие в траурных мероприятиях в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фыдохы ӕртыккаг бон райдыдта панихидӕйӕ.
Остъаты Роберт Беслӕны трагедийы рӕстӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Остъаты Роберт Беслæны трагедийы тыххæй: кӕронмӕ никӕй уырныдта, ахӕм фыдми кӕй ис саразӕн
"Райсомӕй скъолайы спортзалы сӕххӕст кодтой Хуыцаумӕ скуывд. 13.05 сахатыл скъолайы кӕртӕ райхъуыст дзӕнгӕрӕджы дыууӕ цӕфы – уыцы рӕстӕг 17 азы размӕ ацы ран айхъуыстысты дыууӕ срӕмыгъды", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыдохы мадзӕлттӕ хайадисджытӕ бацыдысты мемориалон комплекс "Город ангелов"-мӕ, сӕвӕрдтой дидинтӕ "Дерево скорби" монументмӕ ӕмӕ ФӔС сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ "Альфа" ӕмӕ "Вымпел"-ы ӕфсӕддонты цыртмӕ.
Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйы фӕстӕ уӕларвмӕ суагътой 334 урс тымбылӕджы – уый у теракты амӕттӕгты нымӕц.
Фыдохы мадзӕлттӕ балхынцъ уыдзысты абон изӕры, Беслӕны скъолайы кӕрты 20.00 сахатыл ссудздзысты цырӕгътӕ фӕмардуӕвджыты мысӕнӕн.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.
Ног хабӕртты лентӕ
0