Цхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой чингуыты дыккаг марафонӕн

© Pixabay / StockSnapЦхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой чингуыты дыккаг марафонӕн
Цхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой чингуыты дыккаг марафонӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕцис чингуыты дыккаг марафон, кӕцыйы нысан у ӕрбаздахын цӕрджыты чингуытӕ фӕрсынмӕ. Уавӕртӕ зын нӕ уыдысты – бафӕрсын ӕхсӕз чиныджы ӕхсӕз къуыримӕ
ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Чингуыты дыккаг онлайн-челлендж уыд тынг популярон Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды хсӕн, радзырдта Sputnik акцийы организатортӕй иу Гуыцмӕзты Виктория. Литературӕ уарзджыты марафон #bookschallengetskhinval хэштегимӕ бакодтой Цхинвалы 19 июлы.
Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы ацыд презентаци персайнаг æвзагыл Нарты кадджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Мæскуы æмæ Дзæуджыхъæуы ацыд презентаци персайнаг æвзагыл Нарты кадджытæн
Чингуыты челленджы хайад райсыны бар уыд алы кары адӕмӕн дӕр.
"Хайадисджытӕй хъусынгӕнӕнтӕ цыдысты ӕрвыл суткӕтӕ. Стыр актив рацыд: хайадисджыты нымӕц уыд 30-ӕй фылдӕр адӕймаджы. Уавӕртӕм гӕсгӕ, хъуыд бафӕрсын ӕхсӕз чиныджы ӕхсӕз къуыримӕ, фӕлӕ челлендж фестад марафон, ӕмӕ кӕцыдӕр хйадисджытӕ бафарстой фӕйнӕ 10-15 чиныджы", - банысан кодта Гуыцмӕзты Виктория.
Челленджы уавӕртӕ иууылдӕр сӕххӕст кодтой 10 адӕймаджы. Организатортӕ равзӕрстой уӕлахиздзауты ӕрхаугӕ нымӕцы нысӕнтты генераторы руаджы – афтӕмӕй равзӕрстой цыппар хайадисӕджы, кӕцытӕн сӕ бон у ныззаказ кӕнын лӕварӕй цыфӕнды чиныг дӕр.
Чингуыты фыццаг онлайн-челленджы #BookschallengeTskhinval хэштегимӕ бакодтой Цхинвалы 2020 азы кӕрӕтты, уӕд марафоны хайад райстой республикӕйы дӕсгай цӕрджытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0