Хуссар Ирыстоны фӕнд кӕнынц схӕцын дзулы аргъыл

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы дзулфыцӕн комбинат
Цхинвалы дзулфыцӕн комбинат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны социалон дзулы аргъ ныридӕгӕн у 18 сомы. Фӕстаг хатт аргъ фӕивта 2019 азы. Уӕдмӕ дзул уыд 16 сомы
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕнд кӕнынц фӕфылдӕр кӕнын социалон дзулы аргъ. Астӕуккаг нымадмӕ гӕсгӕ уымӕ хъуамӕ бафта ноджы цыппар сомы. Ӕмбӕлон уынаффӕ хъуамӕ рахӕсса хицауад, фехъусын кодта Sputnik дзулфыцӕн комбинаты хистӕр Цхуырбаты Вадим. 
"Социалон дзулы аргъы ивындзинӕдтӕ сты хицауады бӕрны. Хомӕджы базары ӕргъты рӕзты тыххӕй мах ацы фарст фарон дӕр рахастам уынаффӕмӕ, фӕлӕ уӕд президент Бибылты Анатолийы фӕндмӕ гӕсгӕ аргъ нӕ бауагътой фылдӕр кӕнын", - загъта комбинаты хистӕр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хойраджы ӕргътӕ ноджы кӕй фылдӕр кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ дзырд цӕуы социалон дзулы аргъмӕ бафтауыныл.
"Ныридӕгӕн фарстыл дзырд цӕуы, уынаффӕтӕ цӕуынц хицауады ӕмвӕзадыл. Мах ӕнхъарӕм, цӕмӕй субсидиты фӕрцы бауромӕм аргъ 22 сомыл. Развӕлгъау нымадмӕ гӕсгӕ цӕуы афтӕ", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны социалон дзулы аргъ ныридӕгӕн у 18 сомы. Фӕстаг хатт аргъ фӕивта 2019 азы. Уӕдмӕ дзул уыд 16 сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0