Хуссар Иры санитарон уагдоны ӕрхастой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы рабӕрӕг кодтой 23 ног фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй фӕрынчын сты 5191 адӕймаджы
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри COVID-19 сбӕрӕг кодтой 39 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы 6 сентябры сарӕзтӕуыд 172 тесты. Уыдонӕй 39 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 60 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 709 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4482 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 34 257 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5191.
Ног хабӕртты лентӕ
0