Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы
Уӕрӕсейаг микрохирург ауадздзӕн ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.09.2021
Рафыссын
Медицинон зонӕдты кандидат Андрей Жигало ӕрцӕудзӕн республикӕмӕ Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй. Уый размӕ йын йӕ балц аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл ӕвзӕр уавӕры тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 9 сен - Sputnik. Уӕрӕсейаг хирург, медицинон зонӕдты кандидат, Петербургаг медцентр СОГАЗ-ы ӕрмыты хирургийы центры разамонӕг Андрей Жигало райсдзӕн пациентты Цхинвалы Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕрхуындӕй, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Рентген - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Уӕрӕсейаг микрохирургы ӕрцыд Хуссар Ирмӕ аргъӕвтой COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй
Пациентты исдзысты 11 сентябры 17.00 сахатӕй ӕмӕ 12 сентябры 9.00 сахатӕй Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) травматологийы дӕлхайады 2 уӕладзыгыл.
"Хуссар Ирыстоны пациенттӕн фадат уыдзӕн райсын ӕххуыс иу балцы хоскӕнынады фӕлгӕтты ӕрмыты низты дунейон методикӕтӕм гӕсгӕ. Кӕд уын уӕ ӕрмытимӕ проблемӕтӕ ис, уӕд ӕнӕмӕнгӕй ӕбацӕут", - фехъусын кодтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны банысан кодтой, ӕнӕаргъ консультацитӕй дарддӕр кӕй араздзысты операцитӕ дӕр. Уӕрӕсейаг дохтыры ассистент уыдзӕн РБМЦ травматологийы хирург Козаты Дмитрий.
Ног хабӕртты лентӕ
0