Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 62 ног рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 5280 адӕймаджы, медикты хъусдарды бын ма сты 738 фӕрынчынуӕвӕджы
ЦХИНВАЛ, 13 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны COVID-19 сбӕрӕг кодтой 62 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты дыццӕджы райсом.
"Нӕ лабораторийы майрӕмбоны сарӕзтӕуыд 271 тесты. Уыдонӕй 62 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 30 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 738 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 4542 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй республикӕйы сарӕзтӕуыд 34 646 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5280.
Ног хабӕртты лентӕ
0