Хуссар Иры арӕнхалджыты нымӕц иу мӕймӕ дыууӕ хатт фӕфылдӕр – ПӔК

© Sputnik / Natalia Airiyan Арӕнгӕрон зонӕ
Арӕнгӕрон зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Арӕнгӕрон службӕ августы ӕрурӕдта дыууӕ хатт фылдӕр арӕнхалджыты ивгъуыд мӕймӕ абаргӕйӕ
ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕныл августы ӕрурӕдтой 38 арӕнхалӕджы, уыдонӕй 14 фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим ӕмӕ 24 та арӕнгӕрон режим, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ. Мӕй раздӕр, июлы, ПӔК Арӕнгӕрон службӕ ӕрурӕдта 19 арӕнхалӕджы.
"Административон ивар фӕкодтой 22 адӕймаджы, 4 адӕймаджы феддӕдуар кодтой РХИ территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, 10 арӕнхалӕджы бафӕдзӕхстой, дыууӕ адӕймаджы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ", - хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
ПӔК зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, адӕммӕ кӕй хъуамӕ уой бӕлвырдгӕнӕн документтӕ Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон зонӕйы куы уой, уӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0