Адӕймаг-легендӕ: Хуссар Иры бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары бюст

© Sputnik / Дрерасса ТеховаХуссар Иры бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары бюст
Хуссар Иры бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары бюст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2021
Рафыссын
Бӕрӕгбонон церемони ацыд столицӕйы скъолайы, кӕцы хӕссы номдзыд "булкъон Ксантийы" ном. Церемонийы хайад райстой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы цыппӕрӕмы ацыд Советон Цӕдисы Хъайтар Мамсыраты Хадзы-Умары бюсты бӕрӕгбонон баконд. Церемони уыд нывонд хъайтары райгуырӕн бонӕн, кӕцы банысан кодтой 15 сентябры. Мадзалы хайад райстой республикӕйы къухдариуӕгад президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй, афтӕ ма УФ минӕвар республикӕйы Марат Кулахметов ӕмӕ депутаттӕ.
Скъолайы ахуырдзаутӕ бацӕттӕ кодтой радзырд Мамсыраты Хадзы-Умары царды тыххӕй ӕмӕ бакастысты уымӕн нывонд ӕмдзӕвгӕтӕ.
Цыртдзӕвӕн бакӕныны бар радтой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ минӕвар Марат Кулахметовӕн.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссардтой Ирыстоны номдзыд хъӕбулы ном иу уысм ӕдзӕмӕй лӕугӕйӕ.
"Уый у нысаниуӕгджын цау, ӕрмӕст фӕндзӕм скъолайы ахуырдзаутӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт республикӕйӕн. Мамсыраты Хадзы-Умары ном радтой скъолайӕн, ӕмӕ мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый фӕдыл ахуырдзаутӕ хъуамӕ хуыздӕр ахуыр кӕной. Ацы адӕймаг у ӕцӕг легендӕ, кӕцыйыл дзурынц Испанийы, цы ран йын сарӕзтой цыртдзӕвӕн. Мамсыраты Хадзы-Умарыл дзурынц, куы ӕрымысынц Финляндиимӕ хӕст, революци, сӕрмагонд ӕфсӕдты цӕттӕкӕнынад", - банысан кодта Бибылты Анатолий.
© Sputnik / Дрерасса ТеховаХуссар Иры бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары бюст
Открытие бюста Хаджи-Умара Мамсурова во дворе школы №5 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры бакодтой Мамсыраты Хадзы-Умары бюст
Президент загъта, кӕстӕр фӕлтӕр кӕй хъуамӕ исой цӕвиттон ахӕм легендарон гоймӕгтӕй, куыд Хадзы-Умар.
"Мамсыраты Хадзы-Умар рацыд цыппар хӕсты. Уыдон уыдысты дӕргъвӕтин ӕмӕ карз хӕстытӕ. Хадзы-Умар алкуыдӕр агуырдта фадат сӕххӕст кӕнын хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ, афтӕ ма бавӕрын йӕ солдатты цӕрдтӕ. Уый та ӕнцон хъуыддаг нӕу", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Марат Кулахметов банысан кодта, Мамсыраты Хадзы-Умар кӕй уыд легендӕ, кӕцы ссис Фыдыбӕстӕйӕн службӕ кӕныны дӕнцӕг.
Официалон хайы фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ хъайтары бюстмӕ.
 Бюсты автор – Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Бекъойты Алан, йӕ арӕзтады инициатор – депутат Уалыты Роза ("Иугонд Ирыстон"), партитӕ "Адӕмы иудзинад" ӕмӕ Компартийы финансон ӕххуысӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0