Хуссар Иры столицæйы ацыд Республикӕйы боны цытӕн парады æлхынцъгæнæн генералон репетици

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры столицæйы ацыд Республикӕйы боны цытӕн парады æлхынцъгæнæн генералон репетици
Хуссар Иры столицæйы ацыд Республикӕйы боны цытӕн парады æлхынцъгæнæн генералон репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.09.2021
Рафыссын
Иннæ репетицитæй уæлдай сабаты æфсæддонтæ рацыдысты парадон дарæсы. Театры раз байдзаг æфсæддон конд адæмæй, уыдон слæууыдысты дамгъæ "П"-йы хуызы
ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы сæйраг фӕзуаты ацыд парады фæстаг æлхынцъгæнæн генералон репетици, кӕцы нывонд у Республикикӕйы бонӕн.
Иннæ репетицитæй уæлдай сабаты æфсæддонтæ рацыдысты парадон дарæсы. Театры раз байдзаг æфсæддон конд адæмæй, уыдон слæууыдысты дамгъæ "П"-йы хуызы.
"Иу мæй нæхи цæттæ кæнæм, репетици та уы ныр æртыккаг хатт. Нæ тыхтæ радтам, цæмæй бæрæгбон ацæуа нывыл,уый у сæйрагдæртæй иу, хъуамæ йæ арвитæм рæсугъд æмæ нывыл", - загъта цытджын хъараулы тырысахæссæг Сæрмæт.
Цытджын мадзал ацӕудзӕн къуырисӕры, 20 сентябры. Театралон фӕзуатыл рацӕудзысты Хъахъхъӕнынады, Мидхъуыддӕгты, Уӕлвӕткон уавӕрты ӕмӕ Юстицийы министрӕдты парадон къордтӕ, стӕй ма Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы федералон ӕдасдзинады службӕйы арӕнгӕрон хайады кусджытӕ. Уымӕй дарддӕр ма парады рацӕудзысты Хъахъхъӕнынады министрады танкисттӕ, кӕцытӕ архайдтой "Танковый биатлон"-ы.
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры столицæйы ацыд Республикӕйы боны цытӕн парады æлхынцъгæнæн генералон репетици
Генеральная репетиция Парада ко Дню республики - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры столицæйы ацыд Республикӕйы боны цытӕн парады æлхынцъгæнæн генералон репетици
20 сентябыры 1990 азы Адӕмон депутаты совет рахаста уынаффӕмӕ Хуссар Ирыстоны автономон областы статус скӕнын Хуссар Ирыстоны Демократон Республикикӕмӕ Советон цӕдисы сконды. Ацы къахдзӕф уыд фыццаг хӕдбардзинадмӕ фӕндагыл. 20 сентябырь та ссис сӕйраг паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иу.
Ног хабӕртты лентӕ
0