Хуссар Иры фӕфылдӕр кӕндзысты скъоладзауы аходӕны хӕрдзтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры фӕфылдӕр кӕндзысты скъоладзауы аходӕны хӕрдзтӕ
Хуссар Иры фӕфылдӕр кӕндзысты скъоладзауы аходӕны хӕрдзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Рафыссын
Хуссары Ирыстоны скъолаты ӕмӕ скъола-интернатты ахуырдзауты аходӕнтӕн хицауад хицӕн кӕны ӕхцайы фӕрӕзтӕ
ЦХИНВАЛ, 22 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕфылдӕр кӕндзысты аходӕны хӕрдзтӕ хистӕркъласонтӕн, уый тыххӕй фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы.
 Хуссар Иры ПАИ кусджытӕ сӕ хъус дарынц фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2021
Сывӕллӕттӕ фӕндагыл: Хуссар Иры ПАИ кусджытӕ сӕ хъус дарынц фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз
Хуссары Ирыстоны скъолаты ӕмӕ скъола-интернатты ахуырдзауты аходӕнтӕн хицауад хицӕн кӕны ӕхцайы фӕрӕзтӕ. 
"Скъола-интернатты цы сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, уыдонӕн хицӕн цӕуы 190,60 сомы, уыдон фылдӕр рӕстӕг сты ахуырадон уагдоны. Адарддӕргонд группӕты 64,80 сомы, хистӕркъласонтӕн та хицӕн цӕуы ӕрмӕст 20 сомы. Ӕргътӕ уӕлӕмӕ кӕй цӕуынц, уымӕ гӕсгӕ 20 сом нал ӕххӕссы хӕрдзтыл. Ӕввахс рӕстӕджы бакусдзысты меню ӕмӕ йӕ ӕргътӕ фӕивыныл", - хъусын кӕны пресс-службӕ ахуырады министры хӕдивӕг Лолаты Асланы ныхӕстӕ. 
Пресс-службӕйы хъусинагмӕ гӕсгӕ, нырма ахуырадон уагдӕтты аходӕн кӕнынц раздӕрау, ӕрмӕст пандемийы тыххӕй фӕкарздӕр сты санитарон домӕнтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0