Уӕрӕсейы ӔХМ баххуыс кӕндзӕн Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы модернизацийӕн

© Минздрав РЮОХуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг Виктор Фисенкойы фембӕлд
Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг Виктор Фисенкойы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы, кӕцы ацыд Мӕскуыйы знон, ӕрдзырдтой ма коронавирусы ныхмӕ тохы ӕмархайды фарстытыл
ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад баныфсӕвӕрдта йӕ коллегӕтӕн Хуссар Ирыстонӕй, кӕй баххуыс кӕндзысты ӕнӕниздзнад хъахъхъӕнынады фадыгӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикон уагдоны пресс-службӕ.
РБМЦ сырх зонӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.09.2021
Хуссар Иры хицауад медиктӕн фиддонтӕн рахицӕн кодта 10 милуан сомӕй фылдӕр
Ӕмгуыстады фарстытыл ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан ӕмӕ УФ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг Виктор Фисенкойы фембӕлды рӕстӕджы.
Фембӕлды боны фӕткы уыд дыууӕ фарсты: коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы ӕмархайд ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы модернизаци.
Наниты Сослан загъта бузныг Виктор Фисенкойӕн ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы дарддӕры дыууӕварсон ӕмгуыстадмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0