Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 39 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Рафыссын
Бон раздӕр Югосетпотребнадзоры сбӕрӕг кодтой 59 рынчыны коронавирусӕй, республикӕйы пандемийы рӕстӕджы коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 5680 адӕймагыл
ЦХИНВАЛ, 23 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ COVID-19 рабӕрӕг ис 39 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik цыппӕрӕмы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 161 тесты. Уыдонӕй 39 пробӕйы равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Ивгъуыд суткӕйы ма медицинон хыгъдӕй систой 40 сӕнӕнизуӕвӕджы. Медикты хъусдарды бын сты 852 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Уый ма бамбарын кодта, Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт кӕй сӕнӕниз сты 4828 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 36 227 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5680.
Ног хабӕртты лентӕ
0