Хуссар Иры столицӕйы Гафезы уынгыл фӕсивӕд сараздзӕн сабиты фӕзуат

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæ сабиты фӕзуат
 сабиты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Рафыссын
Сывӕллӕттӕн хиирхӕфсӕн фӕзуаты арӕзтад рагӕй уыд нывӕзтгонд, фӕлӕ ныффӕстиат ис объективон аххосӕгтӕм гӕсгӕ. Ныр ӕй ныфс дӕттынц дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ сцӕттӕ кӕнын
ЦХИНВАЛ, 23 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары Гафезы уынджы 16-ӕм ӕмӕ 16-ӕм А хӕдзары хсӕн сывӕллӕтты фӕзуаты арӕзтад фӕуыдзӕн 20 ноябрьмӕ, фехъусын кодта Sputnik проекты ӕмавтор Габатты Альберт.
Арӕзтад цӕуы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты грантон конкурсы хӕрдзтӕй. 2019 азы хуыздӕр проектыл банымадтой Плиты Андрей, Габатты Альберт ӕмӕ Мамиты Григорийы фӕнд Гафезы уынджы сабитӕн хъазӕн фӕзуаты саразыны фӕдыл. Автортӕй иу - Плиты Андрей трагикон ӕгъдауӕй фӕмард. Хъуыддаг дарддӕр кӕнынц ӕмавтортӕ, ӕххуыс сын кӕны Андрейы ӕфсымӕр дӕр.
"Ныффӕстиат нын ис сывӕллӕтты фӕзуаты арӕзтад. Фыццаг аххосаг уыд пандеми, стӕй та фӕрӕзты рахицӕн кӕнынимӕ сӕвзӕрд проблемӕтӕ. Ацы азы райдианы райстам гранты 300 мин сомы. Фӕзуаты ифтонгады иу хай ӕрхӕццӕ ис Дзӕуджыхъӕумӕ ныридӕгӕн", - загъта Габатты Альберт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон 300 мин сомӕй архайынц куыд хуыздӕр ифтонгад равзарыныл, цӕмӕй фӕзуат уа гъӕдджын ӕмӕ ӕдас. 
Облпотребсоюзы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Цхинвалы историон бӕстыхайы бынаты сараздзысты сывӕллӕтты фӕзуат
"20 ноябрьмӕ хъуамӕ ӕппӕт дӕр саразӕм. Знауыры районы разамынад та нын ныфс радта сырх змис раласынӕй фӕзуатмӕ", - бафтыдта проекты ӕмавтор.
Сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн фӕзуатмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц районы цӕрджытӕ дӕр.
"Рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Нӕхӕдӕг фӕзуаты бацӕттӕ кодтам, фӕкаст нӕм горӕты администраци дӕр. Ныр ма нӕ каст у лӕппутӕм, цӕмӕй уыдон цы ныфс бавӕрдтой, уый сӕххӕст кӕной", - загъта районы цӕрӕг Хуыгаты Аведик.
Ног хабӕртты лентӕ
0