Цхинвалы фӕбӕрӕг сты тыхджындӕр ӕвзонг шахматисттӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Шахматтӕ
Шахматтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы командон чемпионат шахматтӕй скъоладзауты хсӕн ацыд Цхинвалы
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны ацыд командон чемпионат шахматтӕй скъоладзауты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы шахматты Федерацийы президент Саулохты Георгий.
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2021
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "сызгъӕрин" ӕмӕ "ӕвзист"
"Фыццаг бынатыл ацыд скъола "Альбион", дыккагыл ацыдысты скъола-интернаты шахматисттӕ ӕмӕ ӕртыккаг бынат та бацахста гимнази "Рухс". Ацы мадзал уагъд цӕуы фондз аз фӕд-фӕдыл, фӕлӕ ахӕм тыхджын сконд ӕз нырма нӕ федтон", - загъта Саулохты Георгий.
Чемпионат ацыд скъола-интернаты. Хайад дзы райстой горӕт ӕмӕ районты скъолаты ахуырдзаутӕ. Шахматты турниры организатортӕ уыдысты: республикӕйы шахматты Федераци, скъола-интернат ӕмӕ РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет.
Ног хабӕртты лентӕ
0