"Юг-Телеком" фехъусын кодта интернеты проблемӕты тыххӕй

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæ"Юг-Телеком" фехъусын кодта интернеты проблематы тыххӕй
Юг-Телеком фехъусын кодта интернеты проблематы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Рафыссын
"Юг-Телеком" æххæсы Цхинвал, йæ микрорайонтæ æмæ ма горæтмæ хæстæг Тъбет æмæ Цъунары хъæуты, афтæ ма Дзауы дæр, уагдоны фæнд ис ноджы сæ тыгъдад рауæрæх кæнын
ЦХИНВАЛ, 28 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Интернет-провайдер "Юг-Телеком"-ы магистралон хаххыл цалцӕггӕнӕн куыстыты аххосӕй дыццӕджы згъуыдтытӕ уыдзӕн йӕ куысты боны дӕргъы, хъусын кӕны уагдоны сайт.
Пайдагæнджытæ интернетӕй рацух уыдзысты райсом 11 сахатӕй фондз сахатмӕ.
"Зынаргъ абоненттӕ, магистралон хаххыл цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Абон райсом 11:00- ӕй 17:00 сахатмӕ нӕ кусдзӕн интернет. Хатыр курӕм пайдагӕнджытӕй", - дзырдӕуы сӕ хъусинаджы.
"Юг-Телеком" æххæсы Цхинвал, йæ микрорайонтæ æмæ ма горæтмæ хæстæг Тъбет æмæ Цъунары хъæуты, афтæ ма Дзауы дæр, уагдоны фæнд ис ноджы сæ тыгъдад рауæрæх кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0