Цхинвалы ӕрцыд авари ӕртӕ хӕдтулгӕйы хайадистӕй: ис дзы хъыгдардбаййафӕг

© МВД РЮОЦхинвалы ӕрцыд авари ӕртӕ хӕдтулгӕйы хайадистӕй
Цхинвалы ӕрцыд авари ӕртӕ хӕдтулгӕйы хайадистӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2021
Рафыссын
ФТЦ ӕрцыд Хъайтары ӕмӕ Тӕболты Сергейы уынджы алвӕндагыл. Хъыгдардбаййафӕджы баластой республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ чысыл цӕфтимӕ
ЦХИНВАЛ, 29 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, 10 сахат ӕмӕ 50 минутыл Тӕболты Сергейы ӕмӕ Хъайтары уынгты алвӕндагыл сӕмбӕлдысты ВАЗ-2114, "Лада Приора" ӕмӕ "Nissan Tiida".
"ФТЦ фӕстиуӕгӕн РБМЦ-мӕ баластой иу адӕймаджы, дохтыры басгӕрсты фӕстӕ йӕ ауагътой хӕдзармӕ", -банысан кодтой МХМ-йы.
Бынаты кусынц паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ, уыдон сгарынц аварийы лыстӕгдзинӕдтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0