Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 6025 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 5137 сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 288 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 63 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 46 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 871 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5137 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 37 754 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 6025.
Ног хабӕртты лентӕ
0