Хуссар Иры Знауыры районы басыгъд фосы фермӕ

© ГУ МЧС по РСО-АланияХуссар Иры Знауыры районы басыгъд фосы фермӕ
Хуссар Иры Знауыры районы басыгъд фосы фермӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2021
Рафыссын
Фосы хъӕдын скъӕты бӕстыхай Уӕлвӕткон уавӕрты министрады зингфӕдисонты бацыдмӕ басыгъд
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Дзӕгъӕлкомы хъӕуы басыгъд хисӕрмагонд фермӕ, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радгӕсон службӕйы.
Зынгирвæзт ӕрцыд дыццӕджы.
"Знауыры районы Дзӕгъӕлкомӕй фӕсидтысты Уӕлвӕткон уавӕрты уагдонмӕ. Ссыгъд Табуты бинонты фосы фермӕйы бӕстыхай, фосы дзугтӕ сӕхӕдӕг мидӕг конд нӕ уыдысты. Фермӕйы бӕстыхай уыд хъӕдын  ӕмӕ зынгфӕдисонты бацыдмӕ басыгъд",- загътой радгӕсон службӕйы.
Уӕлвӕткон уагдоны ма бафтыдтой, ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фӕндаг кусы хуымӕтӕг режимы.
"Транскамы уары къӕвда, фӕлӕ фӕндагон змӕлд цӕуы ӕнӕкъуылымпыйӕ", - бафтыдтой уым.
Ног хабӕртты лентӕ
0