Президент радзырдта, кӕд фӕфылдӕр уыдзӕн УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты кусджыты мызд

© SputnikПрезидент радзырдта, кӕд фӕфылдӕр уыдзӕн УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты кусджытӕн сӕ куыстмызд
Президент радзырдта, кӕд фӕфылдӕр уыдзӕн УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты кусджытӕн сӕ куыстмызд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.10.2021
Рафыссын
Знон Хуссар Ирыстоны паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбонон фӕдыл. Уый банысан кодта, республикӕйы разамынд кæй кусы, цӕмӕй сын фӕфылдӕр кӕна сӕ куыстмызд
ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 2022 азы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕмӕ æндӕр уагдӕтты кусджытӕн фӕфылдӕр уыдзӕн сӕ куыстмызд, ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕг Instagram-ы президент Бибылты Анатолий.
УУМ кусджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Хъӕбатыр ӕмӕ удуӕлдай адӕм: президент раарфӕ кодта УУМ 13-ӕм афӕдзыбоны фӕдыл
"Кусджытӕ ӕвзарынц зындзинӕдтӕ, нырма сӕ куыст ӕмбӕлон ӕмвӕзалдыл нӕу. Фӕлӕ уын уырнын кӕнын, ацы уавӕр фӕивыныл куыст цӕуы ӕмӕ УУМ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн, кӕцытӕн нырма сӕ мызд нӕ фӕфылдӕр ис, радон аз фӕфылдӕр уыдзӕн. Арфӕ сын кӕнын уый фӕдыл", - ныффыста Бибылты Анатолий.
Знон Хуссар Ирыстоны паддзахады разамонӕг раарфӕ кодта Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбонон фӕдыл. Уый банысан кодта, республикӕйы разамынд кæй кусы, цӕмӕй сын фӕфылдӕр кӕна сӕ куыстмызд.
Ног хабӕртты лентӕ
0