Президент загъта COVID-19-ы амӕттӕгты нымӕц ӕмӕ ӕрсидт вакцинаци рацӕуынмӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæВакцинаци
Вакцинаци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны иу минӕй фылдӕр адӕймаджы рацыдысты вакцинаци коронавирусӕй, уыдонӕй астсӕдӕйы онг ныридӕгӕн сарӕзтой прививкӕйы дыккаг компонент дӕр
ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радон хатт ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм бахизын сӕхи ӕмӕ се 'ввахс адӕмы мӕлӕтхӕссӕг инфекцийӕ ӕмӕ саразын вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ.
Уый банысан кодта, вирус ныридӕгӕн кӕй ахаста республикӕйы 123 ӕмбӕстаджы цард.
Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2021
Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ оперштаб райста арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ
"Вирусимӕ тох баст нӕу дохтырты профессионалон миниуджытимӕ - уыдон вӕййынц ӕнӕбон уӕззау низы ныхмӕ. Аххосджын кӕнын сӕ нӕ хъӕуы. Аххосджын стӕм нӕхӕдӕг, адӕм, кӕцытӕ уӕлӕнгай ахаст дарынц сӕхи ӕмӕ се 'ввахс адӕмы ӕнӕниздзинадмӕ. Ныр цас дзурӕм вакцинацийы ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинадыл? Ноджы ма уӕм иу хатт сидын - саразут прививкӕтӕ", - загъта президент коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадты.
Уый бахахх кодта, вакцинаци кӕй у иунӕг амал сӕвзӕргӕ уавӕры.
Вакцинаци республикӕйы райдыдта уалдзӕджы, уӕд Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрластой дыууӕкомпонентон вакцинӕ "Спутник V"-йы дыууӕ мин дозӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0