Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 88 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Наймушин /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 93 ног рынчыны коронавирусӕй, пандемийы рӕстӕджы COVID-19 ӕдӕппӕт бахӕцыд 7678 адӕймагыл
ЦХИНВАЛ, 19 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой 88 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы къуырисӕры сарӕзтӕуыд 253 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 88 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 46 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 1860 адӕймаджы", - радзырдтой уагдоны.
Хуссар Иры хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2021
Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ оперштаб райста арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ
Абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5818 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 42 952 иртӕстӕй фылдӕр, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 7678. 
Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперштаб бакодта ног арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уый тыххӕй. Хуссар Ирыстоны 1 ноябрьмӕ сӕхгӕдтой карантиныл ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ, спортивон секцитӕ ӕмӕ тренажерон залтӕ, 1 декабры онг та тобӕ сӕвӕрдтой чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уадзыныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0