"Растаможкæйы" аргъ Хуссар Ирыстоны

Рафыссын
Æрвылаздæр республикæмæ æркæнынц сæдæгай автомашинæтæ. Уыдон растаможкæ кæнынц РХИ-ы, уымæн æмæ уый цæуы асламдæр – таможнæйон фиддон ам цалдæр хатт у къаддæр, Уæрæсеимæ абаргæйæ.

2016 азы марты Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта таможнæйон фиддонты ног æргътæ, апрелы уыдон бацыдысты сæ тыхы.

Тарифтæ фæфылдæр сты 1,5 — 2 хатты. Иууыл тынгдæр схызт егъаудæр гуырахстимæ мотор цы машинæтыл ис, уыдон "растаможкæйы" аргъ. Нæ инфографикæйы мах равдыстам, цы машинæты маркæтæ уыдысты иууыл популярондæр 2015 азы, æмæ цы машинæтæ нымайынц хуыздæрыл Хуссар Иры цæрджытæ.

Машинæ æлхæнынмæ чи хъавы, уыдонæн дæр ис фадат растаможкæйы фиддоны аргъ базонын.

Ног хабӕртты лентӕ
0