Генпрокурор: мӕ фыццаг къахдзӕф – ирон адӕмы ныхмӕ Гуырдзыстоны фыдракӕндтӕ лӕмбынӕг равзарын

© Sputnik / Алексей КовалевРХИ Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг
РХИ Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2016 азы апрелы Хуссар Ирыстоны генералон прокурорæй нысан æрцыд Дзæгъиаты Уырызмæг. Йæ бæрны цы уагдон бацыд, уый цы уавæры æрбаййæфта, иууыл вазыгджындæр уголовон хъуыддæгтæ æмæ йæ дарддӕры куысты нывæзтыл радзырдта Sputnik ног снысангонд прокурор.

— Уырызмӕг Фридоны фырт, Де ʻрбацыды агъоммæ Генералон прокуратурӕйы куыстæн куыд саргъ кæндзынæ?

— Ӕппæт проблемӕтæ хынцгæйæ, кæцытæ лæууыдысты Генералон прокуратурæ æмæ æмткæй республикæйы раз 2008 азы хæсты фæстæ — мæгуырау материалон ифтонгад æмæ иугъæдон барадон бындуры ӕнæуæвынадмæ ӕнæкæсгæйæ, Генералон прокуратурæйы куыст цыд æнæкъуыхцыйæ, бантыст бахъахъхъæнын уагдоны сконд ӕмӕ, зæгъæн ис, уый дзуапп дæтта йæ разы лæууæг хæстæн. Фыццаг бонæй фæстæмæ архайын, мӕ развӕдгӕнджыты куыст биноныгæй сахуыр кæныныл.

— Генералон прокуроры бынаты Дæ фыццаг къахдзæфтæ цавæр уыдысты? Цы куысты нывӕзт Дын ис æввахс рæстæджы?

— Генералон прокуратурæйæ разамынад мæ къухмæ куы райстон, уæд фыццаг рады сног кодтон 2008 азы хæсты фыдракæндты фæдыл уголовон хъуыддæгты сгарыны куыст. Ныридæгæн æмбырд кæнæм видеоæрмæг ацы хъуыддæгты фæдыл.

Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры генералон прокурорæй снысан кодтой Дзæгъиаты Уырызмæджы

Куыст цæуы æппæт республикæйы æмæ фæсарæнты дæр. Æгæрыстæмæй ма æмбырд кæнæм телефонтæй цы æрмæг æрцыд ист, уыдон. Фæстæдæр уыдон баххæст кæндзысты Гуырдзыстоны фыдракæндты документалон бæлвырдгæнæнтæ. Ныр та нæ архайдмæ хъуамæ æрбамбал кæнæм кинематографийы кусджыты дæр, цæмæй ацы æрмæгæй саразӕм æххæст документалон киноныв.

Нæ уæрæсейаг коллегӕтæ дæр ацы куыст сног кодтой, Слестгæнæн комитет рауагъта чиныг "Белая книга преступлений Грузии против российских миротворцев и гражданского населения Южной Осетии и Абхазии. Август 2008 года", æнгæс чиныг мыхуыр æрцыд англисаг æвзагыл дæр. Ахæм фæстиуæг хъуамæ уа нæ куыстæн дæр. Æппæт ацы æрмӕгæй спайда кæныны фадат уыдзæн Женевӕйаг дискусситы, стæй ма нæ куысты фæстиуджытæ адæтдзыстæм республикон библиотекæ æмæ архивмæ. Уымæй дарддæр ма не ‘рмæджыты иу хай радтам Националон музеймæ — уым цӕттӕ кӕнынц ног экспозици, кæцы нывонд у ирон адæмы геноцидæн.

— 2008 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстонæн Уӕрӕсейы финансон æххуыс нысаныл æрцыдысты хардз ӕви нӕ, уый раиртасыныл цы куыст цæуы ныртӕккӕ? Цал уголовон хъуыддаг бакондæуыд, тæрхондонмæ цас адæттат æмæ цæй бæрц финансон фæрæзтæн бантыст раздахын?

— Бирæ ис кусинаг, 2008 азæй фæстæмæ Хуссар Ирмæ цы финансон æххуыс æрцыд, уый цы нысаныл хардз цыд, уыдӕтты фӕдыл. Тынг бирæ хъæстытæ нӕм цæуы, 2008 азы хæсты фæстæ рæстæгмæ цы паддзахадон ӕмӕ коммерцион организацитӕ ӕмӕ структурӕтӕ арæзт æрцыд, уыдон бакæнгæ куысты гъæды тыххæй.

Фæрӕзты кой нырма не ʻркæндзæн, цæмæй нæ куыст ма фæкъуыхцы уа. Ме ʻрбацыды размæ Генералон прокуратурӕ бакодта 50 уголовон хъуыддагæй фылдæр, 2008 азӕй фæстæмӕ Уæрæсе Хуссар Ирыстон сӕндидзын кæнынæн цы финансон æххуыс æрӕрвыста, уый ӕнӕнысанон бахардзы фӕдыл. Сгарæн куыстытæ къуыхцы цыдысты, нардуатон организациты къухдариуæггæнджытæ фылдæр бæрцæй республикӕйы ӕддейӕ кæй уыдысты, уый аххосагæн. Стæй ма ам рæстæгмæйы структурӕты бæрнон бынæтты чи куыста, уыдон дæр уыдысты æрцæугæ специалисттæ.

50 хъуыддагæй фылдæр адæттам нæ уæрæсейаг коллегӕтæм, цæмæй фыдгӕнджытӕ сыхаг бæстæйы территорийыл баййафой уголовон æфхæрд. 2012 азæй фæстæмæ сгарæн куыстытæ ныффæстиат сты, финансон фæрæзты раздахыны хъуыддаг дæр ныннымæг. Куыст цӕмӕдӕр гӕсгӕ цыд фæстиæдтимæ куыд бынаты, афтæ фæсарæнты дæр. Ныр æмгуыстад рахызт ног æмвæзадмæ, сæрмагондæй кусæм УФ генералон прокуратурæ æмæ Слестгæнæн комитеты къухдариуæгадимæ. Ацы уголовон хъуыддæгты фæдыл нæм ис ахстуæвæг исад æмæ банчы хыгъдтæ.

— Куыд цæуы иууыл хъуыстгонддæр уголовон хъуыддæгты сгарыны куыст æмæ дзы иууыл вазыгджындæрыл кæй нымайыс?

— Респубикæйы ныртӕккӕ уавæр у сабыр æмæ дзы резонансон хъуыддæгтæ сты стæм. Фæстаг рæстæджыты не ʻхсæнады иууыл резонансон хъуыддаг у Санахъоты Аннæйы мæлæты фæдыл. Стыр куысты гуырахст сæххæст кодтой прокуратурæйы кусджытæ, бирæ арæзт æрцыд экспертизæтæ дӕр. Уголовон хъуыддаг сгӕрст æрцыд бæстонæй, иртӕст æрцыдысты æппæт цаутæ æмæ уавæртæ æмæ йæ ныр ногӕй адæттам тæрхондонмæ азымгæнæн хатдзæгимæ — Къулухты Мурман азым цæуы Санахъоты Аннæйы амарыны хъуыддаджы. Кӕронбӕттӕнон скъуыддзаг рахӕсдзӕн тæрхондон.

— Сгарæн куыстытæ арæх фæстиат кæнынц, экспертизæтæ Уæрæсейы аразын кæй бахъæуы, уый аххосагæн. Куыд хъуыды кæныс, гæнæн ис фидæны ацы ифтонгад самал кæнын æмæ специалисттæ бацæттæ кæнын, цӕмæй ӕппӕт экспертизӕтæ дӕр арæзт цæуой бынаты?

— Генералон прокуратурæмæ йæхимæ дæр ис ифтонгад, сæйрагдæрыл нымайын нæ кусджыты сахуыр кæныны хъуыддаг. Хъыгагæн нæм нæй наркологон экспертизӕтæ саразыны лабораторитæ. Иу специалисты уал бацæттæ кодтам, фæлæ уæддæр бирæ æрмæг хъæуы æрвитын УФ-мæ, ууыл та ацæуы бирæ рæстæг æмæ хæрдзтæ. Уæрæсе æмæ Хуссар Иры генералон прокуратурӕты æхсæн бадзырд æмæ ма æрæджы Слестгæнæн комитетимæ цы бадзырд сфидар кодтам, уыдон фæлгæтты нæ кусджытæй фараст, се ‘хсæн фæдагурджытæ æмæ эксперттæ, арвыстам сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынмӕ. Уыдонæн сæ иу хай фæстæмæ æрыздæхт.

Уымæй дарддæр ма нæ кусджыты иу къорд та райста хайад уæрæсейаг экспертты ахуырты Новороссийскы æмæ хорз фæлтæрддзинад райстой тæрхондонон-баллистикон экспертизæтæ аразыны хъуыддаджы. Аннӕ къорды та арвитдзыстæм ахуырмæ сентябры. Дарддæр дæр нæ кусджытæ æрвыст цæдзысты сӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ æмæ мæ ныфс ис, 1-2 азмæ нæ куыст ахæм æмвæзадмæ кӕй рацӕудзæн æмæ бынаты тагъд æмæ гъæдджынӕй арæзт цæудзæн æппæт дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0