Кетойты Георгий: олимпиаг сыгъзӕрин нымайдзӕн ирон ӕмӕ сомихаг адӕмы хӕларады уӕлахизыл

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæИрон хъӕбысӕйхӕцӕг Кетойты Георгий
Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Кетойты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон Кетойты Георгий у цыппар уӕгъдибар хъӕбысхӕцджытӕй иу, кӕцытӕ хъахъхъӕндзысты Сомихстоны кад Рио-де-Жанейройы Олимпиадӕйы. Олимпиаг хъӕзтытӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ куыд цӕттӕ у, уый тыххӕй спортсмен радзырдта йӕ интерьюйы Sputnik Армения.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ирон богал Кетойты Георгий у 2007 азы дунейы чемпион, Европӕйы дыууӕ хатты чемпион (2007- 2008), Европӕйы чемпионаты ӕвзист призер, Пекины Олимпиадӕ-2008 бронзӕйон призер. Фӕлӕ 2009 азӕй фӕстӕмӕ спортсмен иу майдан дӕр нал рамбылдта. Йӕ спортивон ӕнӕнтысты, афтӕ ма цы ӕнкъарӕнтимӕ ӕмбӕлы Олимпиадӕ-2016-ыл, уыдӕтты тыххӕй уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг радзырдта радио Sputnik Армения эфиры.

— Георгий, куы рауад афтӕ ӕмӕ ды бацыдтӕ Сомихстоны ӕмбырдгондмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй?

— Мӕн фӕхуыдта Националон олимпиаг комитет ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сразы дӕн. Дызӕрдыг нӕ кӕнын, цалынмӕ мӕм ӕрбахуынд арвыстой, уӕдмӕ сомихаг специалисттӕ лӕмбынӕг кӕй сахуыр кодтой мӕ тохтӕ. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон мӕныл ӕвӕрынц стыр ныфсытӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕ ратдзӕн, цӕмӕй ма фӕмӕнг уой.

— Куы цыд дӕ адаптаци сомихаг ӕмбырдгонды тренировкӕтӕм, командӕйы атмосферӕмӕ?

Цӕгатирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Европӕйаг хъӕзтыты уӕлахиздзау

— Сомихстонмӕ ныццӕуынӕй цавӕрдӕр рӕстӕджы фӕстӕ бамбӕрстон, ам уазӕг кӕй нӕ дӕн — ам дӕн хӕдзары. Сомихӕгтӕ ӕмӕ ирӕттӕ сты ӕфсымӕрон адӕм ӕмӕ мӕ бирӕ рӕстӕг нӕ бахъуыд, цӕмӕй бамбарон: Сомихстон у мӕ дыккаг райгуырӕн бӕстӕ.

— Сомихаг ӕмбырдгонды скондмӕ куыддӕр бацыдтӕ, афтӕ дӕ къухты бафтыд балцӕг Олимпиаг хъӕзтытӕм. Ныфс дӕ уыд дӕ тыхтӕй?

— Мӕ бон фидарӕй нӕу зӕгъын, дызӕрдыг кӕй нӕ кодтон ме нтысты, фӕлӕ мын ӕндӕр фӕндаг нӕ уыд Бразилимӕ. Олимпиадӕйы хайад райсынӕн мӕ хъуыд уӕлахиз ӕмӕ Хуыцауы фӕрцы уый мӕ къухты бафтыд.

— Дӕуӕн ис Олимпиаг хъӕзтыты хайадисты фӕлтӕрддзинад. 2008 азы Пекины дӕ къухты бафтыд бронзӕ майдан. Цы хъӕуы олимпиадӕйы уӕлахиздзау суӕвынӕн?

— Дыууӕ ныхасӕй зын зӕгъӕн у. Ууыл дӕрдтыл дзурын бахъӕудзӕн. Олимпиаг хъӕзтыты ницӕйаг хъуыддӕгтӕ нӕй. Ӕргомӕй куы дзурӕм, уӕд хъӕуы уӕлахизмӕ тырнындзинад, хъуамӕ уай фидарзӕрдӕ ӕмӕ, хорз уаид, хъысмӕт де вварс куы уаид, уӕд.

— Цы ӕнкъарӕнтӕ ӕвзардзӕ, Бразилийы фӕуӕлахизы рӕстӕджы дӕ номыл сомихаг тырыса куы сисой ӕмӕ Сомихстоны гимн куы айзӕла, уӕд?

— Уыдзӕн сӕрыстыр, Сомихстоны кад кӕй хъахъхъӕндзӕн. Олимпиаг хъӕзтыты сыгъзӕрин майдан та нымайдзӕн ирон ӕмӕ сомихаг адӕмы хӕларады уӕлахизыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0