Хъазиты Мелитон: Хуссар Иры хӕлд цӕуынц литературон премиты фӕткойтӕ иууылдӕр

© Sputnik / Фатима ПлиеваФысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон
Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар, студентон цардыл фыццаг ирон роман "Фæлдзæуæн рæстæг"-ы автор, удӕгас классик Хъазиты Мелитон ирон литературӕмӕ бахаста уӕзгӕ хуынтӕ - йӕ уацмыстæ хорз зындгонд сты ӕрмӕст Хуссары, нӕ фӕлӕ Цӕгаты дӕр. Уый йӕ интервьюйы Sputnik радзырдта литературæйы ног фæлтæр, аивадон премиты æмæ Цæдисы куысты тыххӕй.

- Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæй фыццаг баиу кæнын бантыст Фысджыты цæдистæн. Куыд бандӕвта ацы хъуыддаг Ирыстоны дыууӕ хайы фысджыты ӕмархайдыл ӕмӕ иумӕйагӕй ирон литературӕйы райрӕзтыл?

— Фысджыты цæдис саразыны фыццаг къахдзæфтæ Иры раззагондӕр интеллигенцийы минæвæрттæ бафæлвæрдтой 1924 азы, уæд Хуссар Ирæй Мæскуыйы цы курдиатджын фæсивæд ахуыр кодта, уыдон сарæзтой ирон пролетарион фысджыты ассоциаци. Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕлвӕрдтой ирон фысджыты ӕрбаиу кӕнын, иу цӕдис саразын, фӕлӕ-иу сын бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, нӕ бантыст. Ацы хъуыддагӕн стыр цӕлхдуртӕ ӕвӕрдта Гуырдзыстоны къухдариуӕгад дӕр.

Зындгонд поэт Ходы Камал йӕ 75 азы юбилей банысан кодта Цхинвалы

Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæдистæ баиу кæнын бантыст 2013 азы октябры æртыккаг бон. Цæдисы æмсæрдæрттæй Цæгат Ирыстоны ӕрдыгæй фидар æрцыд Ходы Камал, Хуссар Ирæй та æз. Уæдæй нырмæ Ирыстоны зынгӕ бонтæ нысан кæнæм иумæ, иумæ аразæм алыгъуызон мадзæлттæ, юбилейтæ, мысæн изæртæ.

Хуссар Иры ивгъуыд аз президенты барамындмæ гæсгæ расидтысты Джусойты Нафийы азæй. Азы дæргъы Нафийы юбилей уӕрӕхӕй нысан цыд Ирыстоны Хуссар ӕмӕ Цæгаты. Уый фæстæ та афтæ дыууæрдыгæй дæр нысан кодтам Ходы Камалы юбилей дæр.

- Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр сомбон ис ирон литературæйӕн? Куыд æххуыс кæнынц фæлтæрд, номдзыд фысджытæ аивады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн?

— Афтæ чи фæдзуры, ома нæм нæй æвзонг фысджытæ, уыдон сæ сæхæдæг дæлдзиныг кæнынц. Ӕгæрыстæмæй ма сын сæ куыстытæ фауынц, "ӕгæр стыр хъуыдытæ дам сын ис". Абоны фæсивæд æмæ сывæллæттæ фæивтой, фæивта сæ хъуыдыкæнынад дæр. Ис нӕм бирӕ курдиатджын скъоладзаутӕ — 6-æм скъолайӕ Плиты Къоста æмæ Плиты Григорий, Терегуаны скъолайӕ Сиукъаты Рауль ӕмӕ ӕнд. Уыдон кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ аивады. Дыууæ къуырийы размæ рауагътам чиныг "Сисфæлварæн", цы ран сæ фыццаг куыстытæ мыхуыр кæнынц республикæйы курдиатджын сывæллæттæ æмæ фæсивæд. Фæсивæдæй дæр ис арæхстджын фысджытæ — Джиоты Александр, Къудухты Олег, Мæргъиты Ирбег, фæлæ, хъыгагæн, уыдонӕн фыссæджы куыстæй сæхи фӕдарын зын у, ссарынц ма æндæр куыстытæ æмæ фæиппæрд вæййынц аивадæй. Сфæлдыстадон кусджытæ ницы исынц сæ куыстæн, æрмæст сын бамбæрзынц сæ рауагъдады хæрдзтæ. Уый дӕр алы хатт нӕ.

- Цавæр литературон премитæ ис нæ республикæйы æмæ цы фæткойтæм гæсгæ лæвæрд цæуынц?

— Литературæйӕ нӕм сæйрагдæр преми абон у Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Дæттынц æй литературæ, аивадзонад æмæ æндæр фадгуыты расгуыхгæ адæмæн. Республикӕйы раздӕры президент Кокойты Эдуарды рæстæджы ма расидтысты ноджы поэт Джыккайты Шамилы æмæ историк  Блиты Маркы номыл премитæ, фæлæ уыдон лæвæрд никуы ‘рцыдысты. Фæнд ма уыд Абайты Уасойы номыл преми дæр саразын. Кæд ацы хъуыддаг бантыса, уæд ацы премимæ хъæуы зонадон куыстытæ æвдисын æмæ сæ Къостайы премийæ рахицæн кæнын.

Поэт-академик Нафи Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры расидтысты Джусойты Нафийы номыл литературон преми

2016 азы фыццаг хатт радтой Джусойты Нафийы номыл преми дæр. Ацы хъуыддаджы ма архайы РХИ минæвæрад Уæрæсейы, уым та расидтысты "Булæмæргъ"-ы преми. Хъыгагæн, премитæн хæлд цæуынц сæ фæткойтæ, бæстонæй æвзæрст нæ цæуынц куыстытæ, къамисы уæнгтæ литературӕйы бирæзонæг нæ вæййынц. Преми расидджытæн  вæййынц къухылтухгæ, æмæ сын цæстфæлиуджытæ цытæ акæнынц, уый хатгæ дæр нæ фæкæнынц. Хатгай афтæ дæр рацæуы, æмæ къамисы сæрты рахæссынц фæндон. Уымæй дарддæр, уагæвæрдæй бæрæг вæййы, преми лæвæрд кæй цæуы адæймагæн, цæмæй йын кусынæн арæзт æрцæуой уавӕртæ æмæ йын бантыса ноджы фылдæр расгуыхын аивады. Махмæ та йæ Къостайы номыл премийæ райдайгæйæ хатгай раттынц, адунейæ чи аивгъуыдта, уыдонæн.  Ацы домæнтæн се ‘ппæт дæр цæуынц хæлд.

- Алы æнусы дæр фысджыты сфæлдыстады ирдæй разынынц бæстæйы сæйрагдæр цаутæ — 37-ӕм азы репресситӕ, Стыр Фыдыбæстæйон хæст, Советон дуг, Гуырдзыстоны геноцид æмæ афтӕ дарддӕр. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, абон та ирон фысджытæн сӕ сæйрагдӕр темӕ цы хъуамæ уа?

— Фыссæг цыфæнды дуджы дæр хъуамæ йе сфæлдыстады сæйрагдӕр ирдӕй равдиса адæймаджы удыхъæд æмæ нынныв кæна рæстæджы æууæлтæ. Кӕд ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты сæйраг уыд Гуырдзыстонимæ хæст æмæ сæрибардзинады сæрвæлтау тох, уӕд ныридæгæн та фысджыты сфæлдыстады сæйраг темӕ хъуамӕ уа Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад.Стæй Ирыстон иу паддзахад саразын. Уадз Уæрæсейы сконды дæр уæм.

- Ныр та Дæхи сфӕлдыстады тыххӕй. Иууыл уæзгæдæр Дӕ куыстытӕй кӕцыйы нымайыс æмæ Дын цы ног уацмыс фæзындзæн рухсмæ ӕввахс рӕстӕджыты?

Ирон ӕлгъыстытӕ бацыдысты Хъазиты Мелитоны "Ирон хӕзна"-йы дыккаг томмӕ

— Ныридæгæн æххæст кӕнын проект "Ирон хæзна". Ныфс мӕ ис, ӕввахс рæстæджы проекты æртыккаг том "Арфæтæ" дæр кæй фендзыстæм. 1956 азæй фæстæ ирон литературæйы истори ничима ныффыста, æмæ мæхимæ райстон бæрн ацы куыст бакæнын.  Ацы аз ма мын рацыд новеллӕты æмбырдгонд "Чырыстийы фæдзæст". Мæ уацмыстæй кæцыдæртæ хаст æрцыдысты ахуырадон нывæзтмæ дæр. Мæхӕдæг та сӕ рахицæн кæнин "Цатыр","Алмас", "Фæлдзæуæн рæстæг" æмæ æндæрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0