Куыд аразынц шампайнаг сӕн Хуссар Ирыстоны

Рафыссын
Сиукаты Павел у иунӕг сӕндуцӕг Хуссар Ирыстоны, кӕцы аразы шампайнаг сӕн, йӕ продукци ницӕмӕй хицӕн кӕны зындгонд шампайнӕгтӕй.

Присаг сӕндуцӕг сӕнӕфсир цъӕл кӕны йӕ хӕдзары ныккӕнды, сӕрмагондӕй бетонӕй арӕзт дуцӕны.

Ацы процессы нӕй исты механизаци ӕмӕ иууылдӕр цӕуы хӕдзары, раст зӕгъгӕйӕ та цалдӕр хайыл ныддихгонд ныккӕндон бӕстыхайы. Цалынмӕ сау æмæ урс сæнæфсиры сорттæ — "Изабелла" ӕмӕ "Ливадия" дуцӕнмӕ нӕ бахауынц, уӕдмӕ цупӕлттӕ рӕгъӕд кӕнынц Павелы хӕдзары фӕстӕ стыр сӕндоны.

Сӕн боцкъайы ӕнхъизы ӕхсӕз мӕйы, уый фӕстӕ йӕ ныккӕны ӕвгты, уым процесс адарддӕр вӕййы ноджы цыппар мӕйы. Уыцы рӕстӕджы фарсыл хуыссӕг ӕвгты ӕрӕмбырд вӕййынц бынтӕ ӕмӕ сӕ хъӕуы афтӕ райсын, цӕмӕй ӕвгты уӕлдӕф ма бацӕуа. Фӕлӕ уыдон сты процессы сусӕгдзинӕдтӕ, кӕцытӕ Павел нӕ хъавы раргом кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0