Хуссар Ирыстоны аивӕдты лицейыл сӕххӕст 25 азы

Рафыссын
Колыты Аксойы номыл Хуссар Ирыстоны аивӕдты лицей 25 азы дӕргъы схъомыл кодта ӕнтыстджын ӕмӕ курдиатджын гоймӕгты, кӕцытӕ абон фыдӕбон кӕнынц ирон адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Аивӕдты лицей банысан кодта йӕ сырӕзты 25 азы. Ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрбацыд тынг бирӕ уазджытӕ, уыдонимӕ президент Тыбылты Леонид дӕр. Уый банысан кодта ахуырадон уагдоны бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ ахуыргӕнджыты профессионализм.

"Ахуыргӕнджыты удуӕлдай куысты фӕрцы лицейы рауагъдонтӕй бирӕтӕ ссисты Уӕрӕсейы престижон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ уыдонӕй мах стӕм тынг сӕрыстыр", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Рӕзгӕ фӕлтӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй лицей хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ. Лицейы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ ӕнӕаивгӕ директор Кӕсойты Лаврентӕн та президент радта майдан "В ознаменование 25-летия РЮО". Уымӕй дарддӕр ма Тыбылты Леонид ныфс бавӕрдта президентон фондӕй рахицӕн кӕнын фӕрӕзтӕ ӕмӕ лицейӕн музыкалон инструменттӕ балхӕнын.

© Sputnik / Алексей КовалевАхуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрбацыд тынг бирӕ уазджытӕ, уыдонимӕ президент Тыбылты Леонид дӕр.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/11
Ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрбацыд тынг бирӕ уазджытӕ, уыдонимӕ президент Тыбылты Леонид дӕр.
© Sputnik / Алексей КовалевЛицей 25 азы дӕргъы схъомыл кодта ӕнтыстджын ӕмӕ курдиатджын гоймӕгты, кӕцытӕ абон фыдӕбон кӕнынц ирон адӕмы хӕрзӕбонӕн.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/11
Лицей 25 азы дӕргъы схъомыл кодта ӕнтыстджын ӕмӕ курдиатджын гоймӕгты, кӕцытӕ абон фыдӕбон кӕнынц ирон адӕмы хӕрзӕбонӕн.
© Sputnik / Алексей КовалевКонцерты агъоммӕ "Чермены" фойейы дыууӕрдӕм кодтой чысыл чызджытӕ урс рӕсугъд къабаты.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/11
Концерты агъоммӕ "Чермены" фойейы дыууӕрдӕм кодтой чысыл чызджытӕ урс рӕсугъд къабаты.
© SputnikЛицейы ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр сты чысылӕй фӕстӕмӕ адӕмы раз ралӕууыныл.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/11
Лицейы ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр сты чысылӕй фӕстӕмӕ адӕмы раз ралӕууыныл.
© Sputnik / Алексей КовалевЮбилейон концертмӕ фӕуазӕг президент Тыбылты Леонид дӕр.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/11
Юбилейон концертмӕ фӕуазӕг президент Тыбылты Леонид дӕр.
© Sputnik / Алексей Ковалев"Чермены" фойейы уазджытыл ӕмбӕлдысты лицейы ахуырдзаутӕ ӕмӕ рауагъдонтӕ.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/11
"Чермены" фойейы уазджытыл ӕмбӕлдысты лицейы ахуырдзаутӕ ӕмӕ рауагъдонтӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевКонцерты райдианы сценӕмӕ традицион Симдимӕ рахызт лицейы ансамбль "Скифтӕ".
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/11
Концерты райдианы сценӕмӕ традицион Симдимӕ рахызт лицейы ансамбль "Скифтӕ".
© Sputnik / Алексей КовалевАнсамбль "Скифтӕ" хорз зонгӕ у Хуссар Ирыстоны йӕ кафджыты арӕхстдзинад ӕмӕ курдиатӕй.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/11
Ансамбль "Скифтӕ" хорз зонгӕ у Хуссар Ирыстоны йӕ кафджыты арӕхстдзинад ӕмӕ курдиатӕй.
© Sputnik / Алексей КовалевМузыкалон номыртӕ иу уазӕджы дӕр нӕ ныууагътой уазалӕнгӕсӕй.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/11
Музыкалон номыртӕ иу уазӕджы дӕр нӕ ныууагътой уазалӕнгӕсӕй.
© Sputnik / Алексей КовалевРӕзгӕ фӕлтӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй лицей хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ.
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/11
Рӕзгӕ фӕлтӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй лицей хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ.
© Sputnik / Алексей КовалевИудзырдӕй, бӕрӕгбон рауад!
Аивӕдты лицейы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/11
Иудзырдӕй, бӕрӕгбон рауад!
Ног хабӕртты лентӕ
0