Цхинвайлӕгтӕ дзуарӕфтыд райстой Леуахийы цӕугӕдоны

Рафыссын
19 январы та Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны райсомӕй уагъд ӕрцӕудзӕн Хуыцаумæскуывд, уый фæстæ та чырыстон адӕм дзуархæсгæ цыдæй сæ фæндаг сарӕзтой Леуахимæ.

Ам донаргъуыды фæстæ райдыдта дзуарæфтыд. Уагъта йӕ Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков (Хетӕгкаты). Ӕдӕппӕт ацы бӕрӕгбоны Леуахийы донаргъуыд райстой 50 адӕймаджы.

Дзуарæфтыд райсынæй дарддæр ма ацы стыр рæстдинон бæрæгбоны цӕрджытӕ цыдысты Леуахимæ сыгъдæг доны сӕхи анайынмӕ — Доныскъæфæнты дӕттӕ иууылдӕр нымад цӕуынц сыгъдӕгыл ӕмӕ ахæссынц адæймагæн йæ тæригъæдтæ.

Цӕугӕдоны алыварс дзуарӕфтыдисджыты ӕдасдзинад хъахъхъӕдтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ирвӕзынгӕнджытӕ, фӕлӕ се ‘ххуысы сӕр никӕй бахъуыд — бӕрӕгбон ацыд ӕнӕ фыдбылызӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0