Олимпиаг десант Цхинвалы ауагъта мастер-кластæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Рафыссын
Цхинвалы ауагътой мастер-кластæ олимпаг чемпионтæ Рæмонаты Сослан æмæ Хаджимурат Магомедов, уæгъдибар хъæбысхæстӕй дунейы æмæ Европæйы уæлахиздзаутæ Абдусалим Гадисов æмæ Махач Муртазалиев.

200-йӕ фылдæр æрыгон спортсмены цымыдисимæ кастысты æмæ хъуыстой сæ кумиртæм æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты сæ арæхстдзинад гауызыл равдисыны рæстæгмæ.

Номдзыд спортсментæ равдыстой æвзонг хъæбысхæцджытæн, куыд растдæр хъæуы ахуыр кæнын хъæбысæй хæцын, æгæрыстæмæй дын ныхмæлæууæг дæр куыннæ уа, афтæмæй.

ӔЦСК сæйраг тренер Мæргъиты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, спортсментæ æрцыдысты "мастер-кластæ ауадзынмæ рӕзгæ фæлтæртæн, кæцыты хъæуы спортмæ разæнгард кæнын".

Ног хабӕртты лентӕ
0