Гаглойты Алан схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты

Рафыссын
Президенттæм кандидат Гаглойты Алан схъæлæс кодта хуыцаубоны æвзæрстыты Цхинвал "Мæскуыйаг" микрорайоны æвзарæн фадыджы.

Уый банысан кодта, хæларадон уавæр фæзуатыл æмæ фидарæй загъта, кæй нæ фæсайдзæн адæмы æууæнк.

"Алцыдæр цæуы иттæг хорз. Иууылдæр сты сæ бынæтты. Уавæр у хæларадон, ис сын бæрæгбонон зæрдæйы уаг. Нæ адæмæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ. Кæд æмæ мыл адæм баууæндой, уæд сæ нæ фæсайдзæн", — загъта Гаглойты Алан, бюллетень урнайы æвæргæйæ.

Паддзахады уæлдæр постмæ ис æртæ претенденты —архайгæ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий æмæ ПӔК-ы кусæг Гаглойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0