Винни-Пух ныззарыд иронау

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæВинни-Пух ныззарыд иронау
Винни-Пух ныззарыд иронау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Винни-Пухы зарӕг фараст ӕвзагыл фехъусӕн ис YouTube-ы. Видео ныридӕгӕн федтой 50 мин адӕймагӕй фылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Популярон мультфильм "Винни-Пух"-ы зындгонд зарӕг "Хорз цӕры адунейыл Винни-Пух" чысыл арс ныззарыд ирон ӕвзагыл дӕр.

Интернеты популярон ссис советон мультфильмы Винни-Пухы зарӕг фараст ӕвзагыл, уыдон ӕхсӕн немцаг, англисаг ӕмӕ кавказаг ӕвзӕгтыл.

Винни-Пухы зарӕг фараст ӕвзагыл фенӕн ис YouTube-ы. Видеороликы фыццаг зарӕг ӕхӕст цӕуы авайраг ӕвзагыл, уый фӕстӕ йӕ адарддӕр кӕны ирон ӕвзагыл. Чысыл арс ныззары: "Ӕз мӕ зондджын сӕр куы ныхон — нӕу бӕллӕх.."

Видео ныридӕгӕн федтой 50 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Винни-Пухы мультфильм арӕзт ӕрцыд киностуди "Союзмультфильм"-ы. Чысыл арсы хъӕлӕсӕй уӕд сдзырдта Советон Цӕдисы адӕмон артист Евгений Леонов.

Ног хабӕртты лентӕ
0