Ацы Уæлахиз æрхаста… Федор Вахрушев

© Архивное фотоБерлины басаст
Берлины басаст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы ÆФС арæнгæрон управленийы пресс-службæйы къухдариуæггæнæг Виктор Веркау Sputnik Хуссар Ирыстоны проекты фæлгæтты радзырдта йæ дадайы хайадисты тыххæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты.

ЦХИНВАЛ, 22 апр — Sputnik. Мæ дада, Вахрушев Федор Артемы фырт, райгуырд 1918 азы 24 апрелы Кировы областы, Кирово-Чепецкаг районы Крюковойы хъæуы. 1941 азы йæм æрсидтысты æмæ фыццаг бонтæй фæстæмæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг.

Хæцыд Брянскаг фронты 135 æхсæн дивизийы 791 æхсæн полкы сконды, уыд полкы штабы хистæр телеграфист. Ныццыд Берлины онг сержант номимæ.

1945 азы райдайæны бахауд уацары. Баконд æрцыд хæстуацайрæгты лагеры Скæсæн Европæйы. Цалдæр мæйы фæстæ æндæр хæстуацайрæгтимæ алыгъд лагерæй æмæ дарддæр дæрæн кодта фашистты. Хæсты кæрон хæдзармæ æрæздæхт уæлахиздзауæй!

Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады сайт "Подвиг народа"-йыл ис информаци, мæ дада Вахрушев Федор Артемы фырт хорзæхджын кæй æрцыд "За отвагу"-йы майданæй.

Хорзæхджын ма æрцыд "Стыр Фыдыбæстæйон хæсты II къæпхæны орденæй".

Дада амард мæ райгуырдæй бирæ раздæр æмæ мæм, хъыгагæн, йæ къамтæй иу дæр нæ баззад. Фæлæ дзы, уымæ æнæкæсгæйæ, æз дæн сæрыстыр!

Ног хабӕртты лентӕ
0