Газпром сараздзӕн филиал Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæ"Газпром"-ы бӕстыхай
Газпром-ы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газпромы хуссарирыстойнаг филиал йӕхимӕ райсдзӕн ӕххӕст бӕрн республикӕйы энергетикон къабазы райрӕзты фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik, Козаты Дианӕ. Газпром хъуамӕ сараза Хуссар Ирыстоны филиал, кӕцы скъуыддзаг кӕндзӕн республикӕйы дарддӕры газификацийы фарстытӕ. Ацы уынаффӕйы тыххӕй фӕбӕрӕг къуырисӕры президент Тыбылты Леонид ӕмӕ "Газпром"-ы разамынды сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерий Голубевы фембӕлды рӕстӕджы.

Фарон июны Тыбылты Леонид сфидар кодта республикӕйы газификацийы генералон нывӕзт, кӕцымӕ гӕсгӕ газӕй ифтонг хъуамӕ ӕрцӕуой 200 цӕрӕн пункты, арӕзт ӕрцӕуой 520 километрӕй фылдӕр поселокты ӕхсӕн ӕмӕ 370 километрӕй фылдӕр мидпоселокон газы трубӕтӕ.

© Sputnik / Диана КозаеваФембӕлд Газпромы минӕврттимӕ
Встреча с делегацией Газпрома - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фембӕлд Газпромы минӕврттимӕ

"Газпром"-ы минӕвӕрттӕ къуырисӕры кусӕгон балцы ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй ӕрныхас кӕной Хуссар Ирыстоны территори дарддӕр ӕрдзон газӕй сифтонг кӕныны фӕдыл фарстытыл.

"Хуссар Ирыстоны хъӕуты газификаци у тынг ахсджиаг фарст Хуссар Ирыстонӕн, йӕ реализациимӕ бирӕ баст у. Уый аскъуыддзаг кӕндзӕн ӕрмӕст бирӕнымӕц социалон-экономикон проблӕмӕтӕ нӕ, фӕлӕ ма йын ис политикон нысаниуӕг дӕр",- загъта Тыбылты Леонид фембӕлды рӕстӕджы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къухдариуӕгад фидарӕй фӕнд кӕны цӕрджыты царды ӕмвӕзадыл, фӕсхӕстон арӕзтадыл схӕцын Уӕрӕсейы ӕххуысӕй спайда кӕнгӕйӕ, кӕцы кӕронмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уа 2017 азы.

"Уымӕ гӕсгӕ дарддӕры газификацийы фарстытӕ махӕн тынг ахсджиаг сты. Нырма адӕм сӕхи нӕ ӕнкъарынц бынтон ныфсджын. Зӕгъӕм, иуӕй иу адӕм сӕ цӕрӕнбынатӕн равзарынц Хуссар Ирыстонӕн ӕдде территоритӕ. Уыцы рӕстӕджы, газ кӕм ис — Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты, уым цӕрджытӕ сты ӕнцад, рӕвдз сты кусынмӕ ӕмӕ активонӕй архайынц сӕ зӕххыл", — загъта президент.

"Газпром"-ы разамынды сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерий Голубев банысан кодта, Хуссар Ирыстоны газификацийы фӕдыл цы скъуыддзаг ист ӕрцыд, уый у Хуссар Ирыстоны соцэкономрайрӕзты ифтонгады фӕдыл цадӕггай ӕмӕ конструктивон куысты фӕстиуӕг, афтӕ ма УФ президенты хӕслӕвӕрд "Газпром" ӕмӕ УФ энергетикӕйы министрадӕн, цӕмӕй бакуыст ӕрцӕуа республикӕйы цӕрджыты цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн, энергетикӕйы райрӕзтӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уавӕртӕ саразыны фӕдыл механизмтыл.

Тыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер æрдзырдтой Хуссар Иры районты газификацийыл

Голубевы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Газпром" ахуыр кодта алыгъуызон варианттӕ, кӕцытӕй иу уыд "Газпром-Хуссар Ирыстон"-ы бындурыл иумӕйаг кондад саразын.

"Ӕппынфӕстаг ӕрлӕууыдыстӕм рацӕугӕ къахдзӕфыл — Уӕрӕсейӕн Белорусси, Киргизи ӕмӕ Сомихстоны ис филиалтӕ, Газпром та хӕссы бӕрн ацы бӕстӕты сӕ куысты, газӕй ифтонгады, газотранспортон системӕйы размӕцыды фӕдыл. Ома, Газпром хӕссы бӕрн газы къабазы финансон, экономикон ӕмӕ барадон архайды фӕдыл", — загъта Голубев.

Уый банысан кодта, республикӕйы газификацийы фӕдыл раздӕр сфидаргонд генералон нывӕзты фӕрцы, ӕмбӕрстгонд сты ӕввахс фондз азмӕ хӕслӕвӕрдтӕ. УФ хицауад цӕттӕ у райсын алы мадзал дӕр, кӕцытӕ ифтонг кӕнынц ӕхсӕнхицауадон ахастытӕ ацы къабазы.

"Мах абон ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй ӕруынаффӕ кӕнӕм техникон фарстытыл. Процедурӕты бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ ӕрӕмдзых кӕнын арӕзт цӕудзӕн хицауадон ӕмвӕзадыл. Уӕрӕсейы ӕрдыгӕй алцыдӕр цӕудзӕн энергетикӕйы министрады уылты. Хорз уаид, процедурӕтӕ иууылдӕр ӕххӕст куы ӕрцӕуиккой сентябры онг, цӕмӕй Газпром бавӕра 2017 азы бюджеты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ", — загъта Голубев.

Уый бамбарын кодта, Газпромы филиал Хуссар Ирыстоны ӕрмӕст корпоративон бӕрн кӕй нӕ хӕсдзӕн, фӕлӕ ма юридикон дӕр. Ома, исты техникон бӕллӕхты рӕстӕджы, Газпром хъуамӕ сцалцӕг кӕна республикӕйы газы хӕдзарад.

Голубев банысан кодта, ахсджиаг нысаниуӕг кӕй уыдзӕн Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады курдиатӕн УФ-йы хицауадмӕ, цӕмӕй газ бахаст ӕрцӕуа ӕнӕфиддон продукцийы номхыгъдмӕ.

"Уый ратдзӕн фадат тарифтӕ 30% фӕасламдӕр кӕнын ӕмӕ сӕ цӕгатирыстойнаг ӕргътимӕ иу рӕнхъы сӕвӕрын. Уый ӕрмӕст фӕлхасгӕнджытыл нӕ бандавдзӕн — хуыздӕр фыст цӕудзысты фиддонтӕ", — загъта уый.

Президент банысан кодта, ацы фарстытыл ныридӕгӕн дзырд кӕй цыд хицауады ӕмӕ азы кӕронмӕ алцыдӕр фыст ӕрцӕудзӕн.

Ӕхсӕнхицауадон бадзырды тыххӕй та, президент загъта, хицауадӕн лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзысты ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕслӕвӕрдтӕ.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, не рдыгӕй ницы фарстытӕ сӕвзӕрдзӕн, Газпромы куысты фӕлтӕрддзинад ӕндӕр бӕстӕтимӕ хынцгӕйӕ", — загъта Тыбылты Леонид.

Газификацийы фарстытыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты дзырд нӕ цыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президентты фембӕлдты рӕстӕджы, афтӕ ма Тыбылты Леонидӕн ӕрӕджы Газпромы сӕргълӕууӕг Владислав Миллеримӕ цы фембӕлд уыд, уый рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0