Документалон киноныв "IRON VANDEE"-ы презентаци ацӕудзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Михаил Хаситы"Геноцид"
Геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд ӕнусы 20-ӕм ӕзты ирон адӕмы геноцидыл киноныв бацӕттӕ кодта ПТРК "Ир"-ы сфӕлдыстадон къорд. Аивадон–документалон кинонывы архайынц театры актертӕ ӕмӕ республикӕйы цӕрджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Дыццӕджы Цхинвалы ацӕудзӕн аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE"-йы презентаци, фехъусын кодта Sputnik режиссер, паддзахадон театры актер Мамиты Григорий.

"IRON VANDEE" цӕуы сахатӕй фылдӕр. Кинонывы ӕвдыст цӕуы Хуссар Ирмӕ Гуырдзыстоны меньшевикты ӕрбабырст, 13 коммунары хъизӕмӕр мӕлӕт ӕмӕ адӕмы тох сӕрибардзинадыл.

"Кинонывы сценарий арӕзт ӕрцыд Валико Джугъелийы боныджы бындурыл, стӕй ма дзы пайдагонд ӕрцыд Хъуылаты Созырыхъойы уацмыс "Музей"-йӕ дӕр", — загъта уый.

Аивадон-документалон кинонывы архайынц куыд профессионалон актертӕ, афтӕ цӕрджытӕ дӕр. Сӕйраг фӕлгонцтӕ сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сослан.

"Сослан кинонывы у Гуырдзыстоны æфхæрæг ӕфсады раздзог Валико Джугъели. Уымӕй дарддӕр ма дзы архайынц актертӕ — Козаты Ромик, Чохели Натия, Козаты Сӕлимӕт ӕмӕ Битарты Виссарион. Кинонывы ма рольтӕ сӕххӕст кодтой 1, 2, 12-ӕм скъолаты ӕмӕ Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы хистӕркъласонтӕ ӕмӕ Дменисы хъӕуы цӕрджытӕ",- загъта режиссер.

© Sputnik / Михаил ХаситыКиноныв "IRON VANDEE"
Съемки фильма Геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Киноныв "IRON VANDEE"

Ирон адӕмы ивгъуыд ӕнусы 20 ӕзты геноциды фӕдыл кинонывы хӕрдзтӕ слӕууыдысты ӕрмӕстдӕр 35 мин сомы, фӕлӕ стыр ӕххуыс бакодтой республикӕйы ӕппӕт районты цӕрджытӕ дӕр.

"Зӕгъӕн ис ӕмӕ йӕ сфӕлдисыныл архайдтой республикӕйы ӕппӕт районтӕ. Киноныв "IRON VANDEE" сисыныл куыста сфӕлдыстадон къорд. Уӕды дуг равдисынӕн ӕмбырд цыдысты рагон дарӕс ӕмӕ мигӕнӕн бӕстӕйы ӕппӕт къуымты", — банысан ма кодта Мамиты Григорий

Уый ма радзырдта, кинонывы абарстытӕ арӕзт ӕрцыд ирон адӕмы 1990 ӕмӕ 2008 азы геноцидимӕ, дарддӕр та фӕнд кӕнынц "Ирыстоны историйы зынгӕ этаптыл сарызын ӕнгӕс кинонывтӕ, фӕлӕ уал сӕйраг у киностудийӕн бындур ӕрӕвӕрын Цхинвалы ".

"IRON VANDEE" систа ПТРК "Ир". Фильмыл куыстой — продюсер Бестауты Юля, режиссеры ӕххуысгӕнӕг Цхуырбаты Сергей, оператор-монтажер Хаситы Михаил ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0