Президент Тыбылты Леонид йӕхимӕ райста Дзӕуджыхъӕуы епархийы епископ Леониды

© Sputnik / Фатима ПлиеваЕпископ Леонид
Епископ  Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фембӕлды рӕстӕджы уынаффӕ цыд Цхинвалы Уӕрӕсейы рӕстдинон дзуары(УРД) аргъуаны арӕзтадыл.

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент дыццӕджы йӕхимӕ райста Дзӕуджыхъӕуы епархийы разамонӕг, архиерей Леониды (Горбачев), хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Фембӕлды рӕстӕджы уынаффӕ цыд Цхинвалы Уӕрӕсейы рӕстдинон дзуары(УРД) аргъуаны арӕзтадыл.

"Цхинвалы тӕккӕ центры бавнӕлдтой аргъуаны арӕзтадмӕ. Хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын аргъуаны арӕзтады юридикон фарстытӕ", — загъта президент.

Дзӕуджыхъӕуы епархийы разамонӕг йӕхирдыгӕй банысан кодта, ацы фарстыл бӕстонӕй ӕруынаффӕ кӕнынмӕ кӕй ӕрцыд делегаци ӕмӕ ӕрхаста ӕмбӕлон документаци арӕзтады фӕдыл.

Епископ Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонид ӕруынаффӕ кодта Алани рӕстдиныл бафтауаны 1100 аз банысан кӕныныл

"Уӕрӕсейы рӕстдинон дзуар архайдзӕн дыууӕ бӕстӕйы ӕмӕ сӕ адӕмты интерестӕн дзуаппдӕттӕг ӕмгуыстад сфидар кӕныныл. Абон ӕрцыд делегаци ӕмӕ ӕрхаста ӕппӕт документаци Цхинвалы цы аргъуан арӕзт цӕуы, уый фӕдыл", — банысан кодта динамонӕг.

Фембӕлды иу хай ацыд ӕхгӕд дуӕртты, уый фӕстӕ та фембӕлд аддардӕр ис рауарӕхгонд скондӕй. Фембӕлды ма хайад райстой — хицауады сӕрдары хӕдивӕг Пухаты Эрик, президенты уынаффӕгӕнджытӕ Хубиаты Соня ӕмӕ Джуссойты Сослан, Дзӕуджыхъӕуы епархийы кусджытӕ ӕмӕ бынӕттон динамонджытӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЕпископ Леонидимӕ фембӕлд
Епископ владикавказской иепархии Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Епископ Леонидимӕ фембӕлд

Епископ Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕгимӕ иу хъуыдымӕ кӕй ӕрцыдысты.

"Мах нӕхимӕ цы бӕрн райстам, уый хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм. Цы фарстытӕ нӕм уыд, уыдоны 99% аскъуыддзаг кӕнын бантыст", — загъта уазӕг.

Уый ма бафиппайдта, Цхинвалы аргъуаны арӕзтад цы фонды бӕрны ис, уымӕн къухдариуӕгад кӕй кӕндзӕн йӕхӕдӕг.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Уӕрӕсейы рӕстдинон дзуары аргъуаны арӕзтады Хуссар Ирыстонӕй кӕнгӕ цы уыд, уыдон ӕппӕтдӕр сӕххӕст кодтой.

"Арӕзтад ныридӕгӕн хъуамӕ уаид ӕндӕр ӕмвӕзадыл, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ мах хъӕуы дарддӕр архайын. Цы ӕмбӕлд уыдон ӕппӕт дӕр сарӕзтам. Горӕты администраци дыккаг бон райста уагӕвӕрд арӕзтадӕн зӕххы фадыг рахицӕн кӕныны фӕдыл", — банысан кодта президент.

Фембӕлды кӕрон Тыбылты Леонид балӕвар кодта епископ Леонидӕн куысси ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы епархийы минӕвӕрттӕн та згъæрæхцатæ Хуссар Ирыстоны рагондӕр аргъуаны къамтимæ. Епископ Леонид та президентӕн балӕвар кодта Сербийӕ хаст Мады Майрӕмы уазныв.

Ног хабӕртты лентӕ
0