Цхинвалы равзӕрстой мисс БТК-4

© Sputnik / Фатима ПлиеваМисс БТК-4
Мисс БТК-4 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыйӕн фабрикӕ банысан кодта йӕ куысты ӕртӕ азы ӕмгъуыд, 100 кусӕджы райстой ӕхцайы премитӕ, къорд адӕймаджы ӕрцыдысты хорзӕхджын.

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы равзӕрстой мисс БТК-4, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Цхинвалы хуыйӕн фабрикӕйы кусджытӕн радтой хорзӕхтӕ

Сӕрмагонд жюри фыццаг бынат радта хуыйӕн фабрикӕйы хӕрӕндоны кусӕг Хъуылымбегты Норайӕн, афтӕ ма призерты нымӕц баххӕст кодтой Хуыгаты Фатимӕ ӕмӕ Хъуылымбегты Мария.

Хуыйӕн фабрикӕ БТК-4 Цхинвалы кусы ныр ӕртӕ азы. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы куыстуаты кусджытӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты грамотатӕй, 100 адӕймаджы та райстой ӕхцайы премитӕ.

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы расидтысты конкурс хуыйӕн фабрикӕйы "мисс" равзарыны фӕдыл. Куыстуаты хицӕн бригадӕты уӕндон, зондджын ӕмӕ къухджындӕр чызджытӕ тох кодтой мисс БТК-4 статусыл.

Фараст чызгӕй алчидӕр йӕхи равдыста цыппар номинацийы — интеллектуалон конкурс ӕмӕ дефилеты.

Фыццаг ралӕуды чызджытӕ сӕхи базонгӕ кодтой адӕмӕн, уый фӕстӕ рахызтысты БТК-4 хуыд продукцийы — стюардессӕ, скъолайы, кусӕн ӕмӕ ӕндӕр дарӕсы. Мисс БТК-4 бынатмӕ кандидаты ралӕудӕй иууыл цымыдисон дӕр разынд фӕстаг, уӕд чызджытӕ рахызтысты сӕхи къухӕй конд къабаты.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМисс БТК
Мисс БТК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мисс БТК

Чызджытӕн дыууӕ къуырийы размӕ радтой хӕслӕвӕрд — ӕнӕ хуыйӕн гӕрзтӕй саразын дарӕс. Афтӕ, конкурсанттӕ сарӕзтой къабатӕ салфеткӕтӕй, хирургион æрмкъухтӕй, дидинтӕй, мугæтӕй ӕмӕ быроны голджытӕй.

Мисс БТК-4 равзӕста жюри, фабрикӕйы нӕлгоймаг кусджытӕ ӕмӕ хуынд адӕмы скондӕй.

"БТК Групп" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ‘хсӕн бадзырды фӕлгӕтты Цхинвалы 2013 азы скуыста хуыйӕн фабрикӕ БТК-4.

Ног хабӕртты лентӕ
0