Тыбылты Леонид бахӕс кодта арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттӕ сахуыр кӕнын

© Sputnik / Алексей КовалевТыбылты Леонид
Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыд ӕмӕ уӕвынад кӕныны фарстытӕ ссисты сӕйрагдӕр Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы рабадты боны фӕткы, арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджыты президентмӕ бахъасты фӕстӕ.

ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бахӕс кодта Ӕдасдзинады совет ӕмӕ республикӕйы хицауадӕн арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттӕм ӕркӕсын.

Гиунашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ПӔК ӕрцахста гуырдзиаг диверсанты

Арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыд ӕмӕ уӕвынад кӕныны фарстытӕ ссисты сӕйрагдӕр Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы рабадты боны фӕткы, кӕцы уагъд ӕрцыд цыппӕрӕмы, хъусын кӕны президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауад 2015 азы бахаста барастгӕнинӕгтӕ республикӕйы паддзахадон арӕныл арӕнгӕрон зонӕйы фӕдыл уынаффӕмӕ, кӕцымӕ гӕсгӕ арӕнгӕрон зонӕмӕ нӕ бахаудысты 

Цхинвалы хуссарварс, афтӕ ма цалдӕр цӕрӕн пункттӕ ӕмӕ республикон фӕндӕгты фадгуытӕ.

"Тыбылты Леонид бахӕс кодта арӕнгӕрон зонӕ фӕкъаддӕр кӕныны фадӕттӕ сахуыр кӕнын. Афтӕ ма ӕркӕсын уадзӕн пунктты нымӕц ӕмӕ пропускты ӕмгъуыд иу азы онг фӕфылдӕр кӕныны фадӕттӕм", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Президент банысан кодта, арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ, хъаст кӕнынц арӕнгӕрон зонӕйы режимы фӕдыл.

"Ацы фарстытӕ хъуамӕ ма баззайой ӕнӕ дзуаппӕй", — хъусын кӕны Тыбылты Леониды ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Уый радта рекомендаци уадзӕн пунктты ӕмӕ пропускты ӕмгъуыд фӕфылдӕр кӕныны фадӕттӕм ӕркӕсын.

"Ӕдасдзинады совет алыварсонӕй ӕркаст ацы проблемӕмӕ ӕмӕ бахӕс кодта хицауад ӕмӕ тыхон структурӕтӕн районты сӕргълӕуджытимӕ ногӕй ӕркӕсын арӕнгӕрон постты ӕвӕрд, афтӕ ма фӕхуыздӕр кӕнын арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыд ӕмӕ уӕвынады фадӕттӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК: арæнгæрон хъæуты цæрджытæн дӕттынц барлæвæрдтæ сӕ цæхæрæдæттæ кусынæн

2012 азы августы республикӕйы хицауад райста уынаффӕ, цыран бӕлвырд цӕуы арӕнгӕрон зонӕйы уагӕвӕрд. Уыдон ӕмбарын кӕнынц арӕнгӕрон зонӕмӕ бацыд, уыцы зонӕйы адӕмы ӕмӕ транспортон змӕлд, кӕцымӕ бахауӕн ис ӕрмӕстдӕр ПӔК-ы Арӕнгӕрон службӕйы сӕрмагонд пропуск райсыны фӕстӕ.

Раздӕр, Знауыры районы цалдӕр хъӕуы цӕрджытӕ равдыстой сӕ ӕнӕразыдзинад ацы уагӕвӕрдимӕ, зӕгъгӕ, сӕ царды сырӕзт бӕрӕг зынвадӕттӕ. Сӕрмагондӕй, уазджытӕн пропусктӕ исыны уагӕвӕрдимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0