Москалькова Беслӕны ныхмӕдзыд акцийы тыххӕй: дыууӕ фарс дӕр раст не сты

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæУполномоченная по правам человека в России Татьяна Москалькова
Уполномоченная по правам человека в России Татьяна Москалькова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Омбудсмен нымайы, сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сӕ чи ӕрцахста, уыдон дӕр раст кӕй нӕ уыдысты "моралы цӕстӕнгасӕй".

ЦХИНВАЛ, 2 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы адӕймаджы барты фӕдыл ӕххӕстбарджын минӕвар Татьяна Москалькова равдыста цӕттӕдзинад Беслӕны ныхмӕдзыд акци ӕмӕ сылгоймӕгты ӕрцахсты хъуыддагыл бакусын, уый нымайы, фыдохы мадзӕлтты рӕстӕджы конфликты дыууӕ фарсы дӕр кӕй уыдысты аххосджын, хъусын кӕны РИА Новости.

Беслӕны теракты амӕттӕгты номарынӕн фыдохы мадзӕлтты рӕстӕджы ӕхсӕз сылгоймаджы УФ президент Путины ӕфхӕрӕн фыстытимӕ хӕдӕтты сарӕзтой
ныхмӕдзыд акци. Тӕрхондон фӕивар кодта акцийы хайадисджыты ӕмӕ сын аскъуыддзаг кодта ӕхсӕнадон куыстытӕ бакӕнын.

"Куыд иуты, афтӕ аннӕты архӕйдтытӕ дӕр нымайын ӕнӕрастыл. Цас сарӕзта нӕ президент, цӕмӕй схӕца социалон ӕмвӕзадыл… Бирӕ арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй нӕ бӕстӕйы ацы трагеди фӕлхатт ма ӕрцӕуа. Мах ӕй нӕ уынӕм, ӕхсӕвӕй бонӕй куыд кусынц адӕм, цӕмӕй нӕ бахъахъхъӕной терроризмӕй", — загъта омбудсмен.

Москалькова банысан кодта, ныры онг ӕ мацы темӕйы фӕдыл кӕй ничи ма ӕрбахатыд, фӕлӕ уый цӕттӕ у хабарыл ӕруынаффӕ кӕнынмӕ, кӕд ӕм исчи ӕрбахата, уӕд.

2004 азы Беслӕны скъолайы теракты фӕстӕ сылгоймӕгтӕ сарӕзтой ӕхсӕнадон организаци "Беслӕны хъӕлӕс", кӕцы домы, цӕмӕй теракт ӕрцӕуа ӕвзӕрст алыварсонӕй.

Траурные мероприятия в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тӕрхондон фӕивар кодта Беслӕны ныхмӕдзыд акцийы хайадисджыты

30 адӕймаджы скондӕй террористты къорд бацахста Беслӕны №1скъола 2004 азы 1 сентябры бӕрӕгбонон линейкӕйы рӕстӕджы. Террористтӕ бакодтой спортивон залмӕ иу мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыдоны нымӕцы ӕнахъом сабитӕ. Адӕмы скъолайы тыххӕй дардтой ӕртӕ боны, нӕ дӕр сын дон дӕттой, нӕдӕр хӕринаг.

3 сентябры ӕмбисбонмӕ ӕввахс скъолайы бӕстыхаймӕ баввахс машинӕ УУМ-ы кусджытимӕ, кӕцытӕ хъуамӕ раластаиккой, террористтӕ цы нӕлгоймӕгты амардтой, уыдон буӕрттӕ. Уыцы уысм скъолайы анӕрыдысты срӕмыгъдтӕ, цӕй фӕстӕ дыууӕрдыгӕй дӕр райдыдта хӕццӕ ӕхст, спортзалы сисыл срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн цы къахыр сырӕзт, уырдыгӕй райдытой гӕпп кӕнын сывӕллӕттӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.

Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ 15 милицийы кусӕджы. Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0