Дыгъуызты Алан: "Фæсайдзæ - амæлдзæ" ӕрӕмбырд кодта ирон курдиатджын фӕсивӕды

© Sputnik / Фатима ПлиеваУчастники фильма "Соврешь-умрешь"
Участники фильма Соврешь-умрешь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфӕлдыстадон Къорд Цхинвалмæ фæуазæг кинонывы премьерон равдыстмæ. Режиссер, оператор æмæ актертæ радзырдтой сæ мысинæгтæ, кинонывыл куыст куыд цыд, уый фӕдыл.

ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон режиссер Дыгъуызты Аланы киноныв "Фæсайдзæ — амæлдзæ"-йы сфæлдыстадон къорд Цхинвалы ауагъта пресс-конференци. Режиссер, оператор-монтажер Кæсойты Алан æмæ актертæ Артём Ткаченко, Беройты Андрей æмæ Алеса Качер радзырдтой журналисттӕн сæ мысинæгтæ, кинонывыл куыст куыд цыд, уый фӕдыл, афтӕ ма сӕ куысты дарддӕры нывӕзтыл.

Кинонывы сæйраг хъайтартæй иу — Светайы фæлгонц сæххæст кодта зынгӕ актрисӕ Алеса Качер. Уый куыд радзырдта, афтӕмæй йын йæ хъайтаримæ æнгæс характертæ нæй, фæлæ йæ царды æнцой кæны Светайы адӕймагон ӕууӕлтыл.

"Алан мын радта тынг вазыгджын фæлгонц, тынг уарзын мæ хъайтары. Ӕппындæр мæ хуызæн нæу, фæлæ мын у тынг æввахс у, уымæн æмæ уый бахъахъхъæдта йæхимидæг царды сæйраг хæзнатæ. Ӕз дæр архайын афтæ цæрын. Ӕппынæдзух кæсын кæсджытимæ иумæ кинонывмæ, цæмæй хуыздӕр банкъарон, куыд æй растой адæм, уый", — радзырда Алеса.

Режиссер Дыгъуызты Аланы ныхæстæм гæсгæ, уый сæрыстыр у ацы кинонывы йын кӕй бантыст æрбамбырд кæнын ирæтты.

Кадры фильма Соврешь - умрешь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Аланы фильм "Фӕсайдзӕ – амӕлдзӕ" равдисдзысты Цхинвалы

"Ӕз дӕр ӕмӕ, мæ хъуыдмæ гæсгæ, Кæсойты Алан дæр сæрыстыр стӕм, кæй нын бантыст æрæмбырд кæнын нӕ къорды ирон сфæлдыстадон кусджытæ. Кинонывы канд режиссер æмæ оператор не сты ирæттæ — нывгæнæг у ирон, кинонывы архайдта актрисæ Цъæхилты Светлана æмæ актер Беройты Андрей, æвзонг композитор Алана Токасон ныффыста киномӕ музыкӕ, музыкант Хъуылымбегты Сослан дæр куыста ацы кинонывыл", — радзырдта режиссер Дыгъуызты Алан.

Оператор Кӕсойты Алан дӕр банысан кодта, ацы кинонывыл куыст кӕй цыд эксперименттӕ аразӕгау.

"Мæнæн ацы куыст иуырдыгӕй уыд хуымæтæг, аннӕрдыгӕй та вазыгджын æмæ цымыдисон. Дыууæ азы дæргъы куыстам кинонывыл, йæ монтажыл архайгæйæ. Цыбыр кодтам кадртӕ, цалдӕр хатт та иу æй рацарæзтам ногæй", — радзырдта уый.

Фæсайдзæ — амæлдзæ" у вазыгджын социалон-психологон драмæ, кæцы æрбамбырд кодта æхсæнады алыгъуызон фæлтæрты адæмы — нуазаг поэты, динамонæджы, олигархы, австалиаг эмигранты, скъолайы ахуыргæнæг æмæ рæсугъд бурхил сылгоймаджы. Уыдон иууылдæр сты раздæры æмкъласонтæ, кæцытæ æрбацыдысты, цæмæй раарфæ кæной Иван Костромитинæн йӕ 40 азы юбилейы цытæн, кӕцы у хӕстон архӕйдтыты ветеран ӕмӕ у инвалидон къæлæтджынмæ баст. Уазджыты хсӕн ис Иваны раздӕры уарзон Света дӕр ӕмӕ йӕ скъолайон хӕлар Виктор.

Ног хабӕртты лентӕ
0