"Эверест"-мӕ зӕрдӕ ӕхсайы 47 млн сом хуыснӕгдзинады фӕдыл

© Sputnik / Алексей КовалевСтроительство театра
Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Виктор Шаргаев фехъусын кодта, ХИ ПӔК-ӕн ныридӕгӕн кӕй у йӕ бон бафидар кӕнын уый, ӕмӕ татарстанаг фирмӕ"Эверест"-ы кусджытӕ кӕй бааууон кодтой 47 милуан сомы, загъта журналисттӕн уагдоны сӕргълӕууӕг Виктор Шаргаев.

ЦХИНВАЛ, 20 дек — Sputnik. Татарстанаг фирмӕ "Эверест" 2014 азы ссис Хуссар Ирыстоны сӕндидзӕн куыстыты генералон нардуатисӕг ӕмӕ райста егъау социалон объекттӕ иууылдӕр — Национ музей, Паддзахадон драмтеатр, горӕты уынгтӕ. Сӕ архайд сын иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ‘ фӕкодтой критикӕйы бын президенты контролон ӕрзылдты ӕмӕ хицауадон ӕмбырдты рӕстӕджы.

Шаргаев Виктор - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК сбӕлвырд кодта, Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты пайдайӕн чи куыста, уыцы ХИ ӕмбӕстӕгты

"Мах бакодтам ӕмӕ адӕттам генералон прокуратурӕмӕ хуыснӕгдзинады фӕдыл уголовон хъуыддаг.махӕн ныридӕгӕн нӕ бон у бафидар кӕнынарӕзтадон фирмӕ "Эвересты" ӕрдыгӕй 47 милуан сомы хуыснӕгдзинады факт", — загъта Шаргаев.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ПӔК-мӕ ноджы ис ӕрмӕджытӕ фӕдӕвзарынӕн, "фӕлӕ абоны бон нырма цӕттӕ не ‘стӕм уыдонӕй раппӕлын".

Шаргаев ма радзырдта, 2016 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн хъахъхъӕнын рӕстӕджы байст кӕй ӕрцыд егъау парти медикаменттӕ, кӕцытӕ фӕлвӕрдтой аласын Гуырдзыстонмӕ. Ацы фактты фӕдыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг.

Уымӕй дарддӕр, ПӔК-ӕн бантыст ӕрӕхгӕнын канал, цӕй уылты Уӕрӕсейӕ Гуырдзыстонмӕ ласт цыд стыр парти сырх еугӕф ӕмӕ спирт.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы сӕргълӕууӕг: арӕзтадон фирмӕтӕ "Эверест" ӕмӕ "Русгидро"-йыл ӕууӕнк нӕй

"Ахст ма ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фӕлвӕрдтой республикӕмӕ тобӕгонд препарат "Лирикӕ" ӕрбаласын. Бынӕттон закондӕттынад, мӕ хъуыждымӕ гӕсгӕ, ӕгӕр фӕлмӕн у ацы препарат парахатгӕнджытӕм — конфискаци ӕмӕ штраф, уый та нӕ дзуапп дӕтты реалон тасӕн. «Лирика"-йӕ сӕйраджыдӕр пайда кӕны фӕсивӕд ӕмӕ уый у наркотикон дӕлбарады райдиан ӕмвӕзад", — банысан кодта Шаргаев.

Уыимӕ иумӕ уый равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны кӕй нӕй уӕззау наркотиктӕ, уый та у уый ӕвдисӕн, ӕмӕ наркотиктӕй чи пайда кӕны, уыдоны процент республикӕйы бӕрзонд кӕй нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0