Бибылты Анатолийӕн радтой РХИ президенттӕм кандидаты бӕлвырдгӕнӕн

© Пресс-служба партии "Единая Осетия"Бибылты Анатолийӕн радтой президенттӕм кандидаты бӕлвырдгӕнӕн
Бибылты Анатолийӕн радтой президенттӕм кандидаты бӕлвырдгӕнӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий рацыд президентон дугъты радон этап

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Парламенты спикер Бибылты Анатолийӕн лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидаты бӕлвырдгӕнӕн. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой, парти "Иугонд Ирыстон"-ы пресс-службӕйы, кӕцы раразмӕ кодта Бибылты Анатолийы Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр паддзахадон бынатмӕ.

Документ райсгӕйӕ, Бибылты Анатолий загъта бызныг йӕ фарсхӕцджытӕн.

"Ӕвзӕрстон кампанийы радон этапы сӕрты рахызтыстӕм. Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын, уый тынг ахсджиаг у — фарсхӕцджыты, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕмӕ рӕстдзинадмӕ тырнӕг адӕмы ахаст ӕнкъарын", — загъта Бибылты Анатолий.

Цыппӕрӕмы кандидатон бӕлвырдгӕнӕн лӕвӕрд ӕрцыд архайгӕ президент Тыбылты Леонидӕн дӕр.

Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Тыбылты, Бибылты, Кокойты ӕмӕ иннӕтӕн закон дӕтты ӕмхуызон бартӕ

Ноджы ма ӕртӕ претенденты — ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан, республикӕйы экс-президент Кокойты Эдуард ӕмӕ депутат Къозонты Алан бадӕттой документты ӕххӕст пакет Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, афтӕ ма рацыдысты паддзахадон ӕвзӕгты фӕдыл фӕлварӕн.

Документтӕ райсыны фӕстӕ Централон ӕвзарӕн къамисӕн ис 10 боны, цӕмӕй басгара кандидаты тыххӕй ӕрбавдисгӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ йӕ ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ хӕрдзты, исады ӕмӕ а. д. Претендент Багаты Амиран нырма нӕ балӕвӕрдта йӕ документтӕ ЦӔК-мӕ. Уымӕн ын ис рӕстӕг 5 марты онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0