Мэрия дзыллон ӕмбырд ауадзыны бар нӕ радта Кокойты Эдуарды инициативон къордӕн

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвалы администраци
Цхинвалы администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕ тобӕ мэрияйы бамбарын кодтой, Кокойты Эдуардӕн кӕй нӕй кандидаты статус ӕмӕ йын нӕй бар уадзын агитацион куыст

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Цхинвалы мэрия нӕ радта разыдзинад Кокойты Эдуарды инициативон къордӕн дзыллон мадзал ауадзын, загътой Sputnik горӕты администрацийы.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кокойты Эдуард радта лингвистон фӕлварӕн ЦӔК-ы

Фӕстаг къуырийы дӕргъы Хуссар Ирыстоны экс-президенты фарсхӕцджытӕ парахат кодтой информаци, 2017 азы 5 марты "ӕппӕтадӕмон ӕмбырд" ауадзыны фӕдыл "президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕгмӕ адӕмы консолидацийыл" ӕруынаффӕ кӕныны тыххӕй", — загътой мэрияйы.

Уым бамбарын кодтой, Кокойты Эдуардӕн кӕй нӕй кандидаты статус ӕмӕ йын нӕй бар нӕдӕр йӕхицӕн, нӕдӕр йӕ инициативон къордӕн агитацион куыст уадзын.

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ЦӔК сгары Кокойты Эдуарды документтӕ, экс-президенты регистраци кӕныны кӕнӕ тобӕйы фӕдыл скъуыддзаг Республикӕ Хуссар Ирыстоны ЦӔК рахӕсдзӕн сабаты, 4 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0