Сӕумӕрайсомы зæххæнкъуыст фæсырдта Цхинвалы цæрджыты хуыссæг

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалмæ æхсæв рафæлгæсгæйæ
Цхинвалмæ æхсæв рафæлгæсгæйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырисæры сæумæрайсом Цхинвалы цæрджытæ банкъардтой ахадгæ зæххæнкъуыстытæ, Хуссар Иры УУМ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, йæ тых уыд 5,1 баллы.

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Къуырисæры сæумæрайсом зæххæнкъуыст уæлдай тынгдæр рахатыдысты Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ. Æрдзон бæллæх ацы хатт кæд зиан ницы ‘рхаста, уæддæр ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты мӕлӕтхæссæг зæххæнкъуыстыты тасæй бирæтæ нал бафынæй сты, бирӕтӕ ӕгӕрыстӕмӕй уынгтӕм дӕр ралыгъдысты.

Снег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цæрджытæ рахатыдысты зæххæнкъуыст

Хуссар Ирыстоны зæххæнкъуыст уыд къуырисæры райсом, 5.25 сахатыл, йæ тых, республикæйы УУМ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыд 5,1 баллы. Фæстаг рæстæджыты уый уыд иууыл тыхджындæр зæххæнкъуыст республикӕйы.

"Базмæлдтæй райхъал стæм бинонтæ иууылдæр. Мæ сæры хицау хъуамӕ сабиты хæдтулгæмæ рахастаид æмæ сæ уым схуыссын кодтаид, фæлæ йын ӕз не ‘сразы дæн. Зӕгъын, кӕд ма иу хатт базмӕла, уӕд ралидздзыстӕм. Тарстӕн, фæлæ стӕй бафынæй стæм фæстæмæ", — радзырдта горæты цæрæг Хаситы Олеся.

Уæлдай тынгдæг зæххæнкъуыст банкъардтой бирæуæладзыгон агуыридурæй амад хæдзæртты. Сӕ цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, риуыгъдтытӕ афтӕ тынг уыдысты, ӕмӕ хӕдзары мигӕнӕнтӕ ӕмӕ дзаумӕттӕ иууылдӕр нызмӕлыдысты.

"Мæ сынтæг мæ быны кӕй нызмæлыд, уымæй райхъал дæн. Хæдзар змæлыд цасдӕр рӕстӕг. Скъаппы хъынц-хъынцæй йæ уайтагъд бамбæрстон, зæххæнкъуыст кæй у. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты 90-ӕм æзты бæллæхтæ. Уайтагъд социалон хызæджы дæр асгӕрстон. Иутæ дзырдтой, фыццаг иу базмæлды фæстæ ӕнӕмӕнг кӕй вæййы дыккаг æмæ мæ хуыссæг фæлыгъд, тарстӕн", — дзуры Плиты Валя.

Фӕлӕ уыд ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ тарфынæй кодтой ӕмӕ йӕ нæдæр базыдтой, горæты иу хай тасы кæй арвыстой се ‘хсæв.

п.Дзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ банкъардтой зӕххӕнкъуыст, йӕ тых уыд 5,1 баллы

"Тынг тæрсын зæххæнкъуыстытæй, хорз у ӕмæ нæ райхъал дæн, æндæра фыртасæй исты кодтаин. Ӕвæццæгæн хисæрмагонд хæдзæртты фыццаг уæладзгуыты афтæ тынг не ʻзмæлыд", — загъта горæты цæрæг Нелли.

Тыхджын зæххæнкъуыст Хуссар Ирыстоны æрцыд 1991 азы уалдзæджы, уæд уæззау хæстон уавæрмæ æрбафытд æрдзон бæллæх дӕр. Цӕрджытӕй бирæтæ фесæфтой сæ цæрæнуæттæ, ныппырх сты административон бæстыхæйттæ. Уæлдай тынгдæр дӕлзӕхх риуыгъдтытӕ бандæвтой Дзауы районыл, æгас хъæу дзы ӕд цӕрджытӕ зæххы скъуыды фæтар ис. Ацы фыдбылыз та йӕхи равдыста 2009 азы, уӕд та разиан кодта горæт Къуаисайæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0