Кремлы райгонд сты Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстыты цыдӕй

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМосковский Кремль
Московский Кремль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуы райгонд у, сӕйраг конкуренци уагъд кӕй цыд дыууӕ кандидаты ӕхсӕн, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ахастытӕ сфидар кӕныны фарс, бахахх кодта Песков

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ кӕй уыдысты политикон ӕгъдауӕй конкурентон ӕмӕ рӕсуг.

Анатолий Бибилов: эйфории от победы нет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: уæлахизæй мын эйфори нæй

"Мах нысан кӕнӕм, уый кӕй уыд демократион ӕвзӕрстон процесс, уагъд ӕрцыдысты рӕсуг ӕмӕ ӕцӕг конкурентон ӕвзӕрстытӕ. Тынгдӕр райгонд стӕм уымӕй, ӕмӕ сӕйраг конкуренци уагъд кӕй цыд дыууӕ кандидаты ӕхсӕн, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ахастытӕ сфидар кӕныны фарс", — хъусын кӕны РИА Новости Песковы ныхӕстӕ.

Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты президентон ӕвзæрстытӕ æмæ республикæйы ном Паддзахад Аланимæ раивыны фæдыл референдум.

Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр постмӕ тырныдтой ӕртӕ кандидаты — архайгӕ президент Тыбылты Леонид, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сӕрдар Плиты Белла, развæлгъау бæрæггæнæнтыл ӕнцойгӕнгӕйӕ, фехъусын кодта, президентон æвзæрстыты ӕвзарджыты 57,9%
хъӕлӕстимӕ кӕй ӕмбулы Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0