Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фехъусын кодтой ООН-ы куысты хайадисты сæ барты тыххæй

© Sputnik / Сергей Гунеев /  Ахизын медиабанкмæЗдание ООН в Нью-Йорке
Здание ООН в Нью-Йорке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон ралæууыдысты иумæйаг уынаффæимæ Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы фæстиуджыты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз фидарæй дзурынц, кæй сын ис бар ООН-ы бæстыхайы лигъдæтты проблемæтыл уынаффæты хайад исын. Уый тыххæй дзырдæуы Фæскавказы æдасдзинады фарстыты фæдыл женеваг дискусситы Хуссар Иырстон æмæ Абхазы делегациты иумæйаг уынаффæйы.

Женевæйы 20-21 июны уагъд æрцыдысты Фæскавказы фæдыл æхсæнадæмон дискусситы фæлгæтты радон консультацитæ. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Уæрæсе, Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы, афтæ ма ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

"Цалдæр аз фæд-фæдыл ООН-ы Генералон Ассамблея райсы Гуырдзыстоны æрбавдисгæ резолюцийы проект Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй лигъдæтты фæдыл. Азæй азмæ документы текст фæлхатгæнгæйæ, Гуырдзыстон фæлвары бафтауын дунейон æмæхсæнад лигъдæтты проблемæйы иувæрсыг уынынадыл, цæмæй бафидар кæна йæ æнæзаконон территориалон фæлгъауæнтæ", — дзырдæуы уынаффæйы.

Сопредседатели Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Хуссар Иры катайы ӕппары НАТО-йы позициты ӕрфидар Гуырдзыстоны

Уынаффæйы куыд дзырдæуы, афтæмæй Гуырдзыстон барæй нæ хъæр кæны, ацы лигъдæтты фæзынд комкоммæ баст кæй у Гуырдзыстон Хуссар Ир æмæ Абхазы ныхмæ хæст кæй райхæлдта, уыимæ.

Документы куыд цæуы нысан, афтæмæй "лигъдæтты проблемæйы райхæлд политикон фæрæзты æмæ резолюцийы пропагандон эффектæй ныфсы нæй, фæлæ конфронтацион архæйдтытæй аиртæст æмæ тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документы бафысты".

Женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уыдонæй дарддæр ма сæ исынц хайад Уæрæсе, АИШ, ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0