Къуайсайы цæрджытæй æртæйæ фæмард сты аварийы Цæгат Ирыстоны

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСкорая помощь
Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæндагон фыдбылыз æрцыд цыппæрæмы æхсæвы Цæгат Ирыстоны Ӕрыдон – Дигорайы трассæйыл

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Ивгъуыд æхсæв Цæгат Ирыстоны Ӕрыдон- Дигорайы трассæйыл фæмард сты горæт Къуайсайы æртæ цæрæджы, фехъусын кодта Sputnik горæты мэр Гæззаты Роберт.

Дорожно-транспортное происшествие - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны аварийы фæмард цыппар адæймаджы

"Нæлгоймæгтæ рацæйздæхтысты Дигорайæ. Трассæйы сæ разæй фæцис 22-аздзыд бынæттон цæрæг, цæй фæстиуæгæн машинæтæ сæмбæлдысты кæрæдзиуыл. Шофыр æмæ йæ пассажиртæй дыууæйæ фæмард сты бынаты, цыппæрæм уæззау уавæры ис реанимацийы. Авари кæцы шофыры аххосæй æрцыд, уый абон амард ",- радзырдта уый.

Аварийы амæттæгты, Гæззаты Роберты ныхæстæм гæсгæ, æрласдзысты Къуайсамæ, цы ран сын сæ зиæнттæ бавæрдзысты хуыцаубоны.

Мэр ма бафтыдта, зиæнттæ æрласынмæ Цæгат Ирыстонмæ кæй ацыдысты сæ хиуæттæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0